Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фӕлӕ йын Петр загъта: «Ӕвзист ӕмӕ мӕм сыгъзӕрин нӕй, фӕлӕ дын дӕттын, цы мӕм ис, уый: Назаретаг Йесо Чырыстийы номыл сыст ӕмӕ райдай цӕуын».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:6
22 Iomraidhean Croise  

Уемӕ ма райсут нӕдӕр сыгъзӕрин, нӕдӕр ӕвзист, нӕдӕр ӕрхуы уӕ роны бастӕй,


Бирӕтӕ Мын уыцы бон дзурдзысты: «Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Бирӕ диссӕгтӕ не ’вдыстам Дӕ номӕй?»


Сылгоймаг, йӕ бон цы уыди, уый бакодта: Мӕ баныгӕныны размӕ Мын Мӕ буар хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста.


Уырнджытӕ та ахӕм диссӕгтӕ ӕвдисдзысты: Мӕ номӕй сурдзысты дӕлимонты, ног ӕвзӕгтыл сдзурдзысты;


Пилат дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыйын кодта ахӕм фыстимӕ: «Назаретаг Йесо, иудейаг Паддзах».


Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.


Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Павел ӕппынфӕстаг смӕсты, акасти фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнӕзӕгъинагӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын бардзырд дӕттын: рацу дзы». Ӕмӕ дзы уайсахат рацыд.


Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.


Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Бардарӕг ӕмӕ Чырысти».


Йесойы ном, мӕнӕ кӕй уынут ӕмӕ хорз кӕй зонут, уыцы лӕгӕн хъару радта. Йесо цы уырнындзинад дӕтты, уый йӕ уӕ цӕсты раз бынтондӕр сӕнӕниз кодта.


Уый сӕм скасти, кӕд мын исты раттиккой, зӕгъгӕ.


Петр ын рахӕцыд йӕ рахиз къухыл ӕмӕ йӕ слӕууын кодта. Уыцы тӕккӕ уысм тых бацыди рынчыны дыууӕ къахы фады ӕмӕ йӕ уӕрджыты,


уӕд уе ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн дӕр зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номы фӕрцы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй лӕууы.


Апостолты ӕрлӕууын кодтой сӕ разы ӕмӕ сӕ фарстой: «Уый цавӕр хъаруйӕ кӕнӕ кӕй номӕй бакодтат?»


Петр ын загъта: «Еней, Йесо Чырысти дӕ дзӕбӕх кӕны. Рабад ӕмӕ ӕрбатух дӕ хуыссӕн». Еней уайтӕккӕ рабадти.


Абоны онг дӕр ма стонг ӕмӕ дойны ӕвзарӕм, бызгъуырты цӕуӕм ӕмӕ над ӕййафӕм, хӕдзар нын нӕй,


Нӕ зӕрдӕйӕн нын маст кӕнынц, мах та иудадзыг цин кӕнӕм; цыбыркъух стӕм, фӕлӕ бирӕты схъӕздыг кӕнӕм; ницы нӕм ис, фӕлӕ алцӕмӕн хицау стӕм.


Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.


Уымӕн ӕмӕ сымах зонут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕх. Йесо хъӕздыг уыди, фӕлӕ уӕ сӕраппонд Йӕхи сгӕвзыкк кодта, Йӕ гӕвзыккӕй сымах куыд схъӕздыг уат, афтӕ.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Сымахӕй алкӕмӕн дӕр рардӕуыд йӕхи курдиат, ӕмӕ уӕ алчидӕр Хуыцауы лӕвӕрд уыцы алыхуызон хорзӕхтӕй раст пайда кӕнӕд кӕрӕдзийӕн лӕггады охыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan