24 Самуел ӕмӕ йӕ фӕстӕ иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр абоны тыххӕй дзырдтой.
Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!
Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.
Афтӕ рацыд цыппарсӕдӕ фӕндзай азы. Уый фӕстӕ сын, пехуымпар Самуелы заманы онг, Хуыцау лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджытӕ.
ӕмбарын сын ӕй кодта ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй баууӕндой: Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ райгас уыдаид. Дзырдта сын, ӕз уын цы Йесойы тыххӕй хъусын кӕнын, Уый Чырысти у, зӕгъгӕ.
Ома Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн».
Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.
Уый хъуамӕ уӕлӕрвты уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, афтӕ, цалынмӕ алцыдӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ.
Фӕлӕ ма Ӕгъдауӕй уӕлдай ныр Хуыцау адӕмӕн раргом кодта, Ӕгъдау дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр ӕвдисӕн кӕмӕн сты, уыцы рӕстад.
Самуел та лӕггад кодта Дунедарӕджы хӕдзары ӕмӕ, кӕд нырма ӕвзонг уыди, уӕддӕр дардта ефод, гӕнӕй уафт хъуымацӕй.
Ӕвзонг Самуел Елиайӕн ӕххуыс кодта ӕмӕ афтӕмӕй лӕггад кодта Дунедарӕгӕн. Уыцы заман арӕх нӕ хъуысти Дунедарӕджы ныхас, Йӕхи ӕргом кодта стӕм хатт.
Ӕмӕ Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг ӕппӕт Израил дӕр базыдта, Дунедарӕг Самуелы Йӕхицӕн пехуымпарӕй кӕй равзӕрста, уый.