Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Моисей загъта нӕ фыдӕлтӕн: „Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы скӕндзӕни Пехуымпар. Уый уын цыдӕриддӕр зӕгъа, уымӕ-иу хъусут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:22
22 Iomraidhean Croise  

Йӕ фӕдыл цы адӕм цыди, уыдон та дзырдтой: «Уый пехуымпар Йесо у, галилейаг Назаретӕй».


Ӕниу, абон, райсом ӕмӕ иннӕбон дӕр фӕндагыл хъуамӕ уон, уымӕн ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ пехуымпары Йерусалимы нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искуы амарой.


Йесо сӕ бафарста: «Цы нӕ зонын?» Уыдон Ын загътой: «Назаретаг Йесойы хабар. Хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр Уый уыди тыхджын пехуымпар Хуыцауы ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз.


уымӕн ӕмӕ нын Ӕгъдау Моисейы фӕрцы лӕвӕрд уыд, Хуыцауы хорзӕх, фарн ӕмӕ ӕцӕгад та нын раргом кодта Йесо Чырысти.


Ӕз дӕн рухс ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ, чидӕриддӕр Мыл ӕууӕнды, уыдон талынджы куыннӕуал уой, афтӕ.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи хъусы ӕмӕ, Мӕн Чи рарвыста, Ууыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕни — ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бахызти цардмӕ.


Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».


Уыцы Моисей загъта Израилы адӕмӕн: „Мӕн куыд сӕвӕрдта, афтӕ уын уе ’фсымӕртӕй иуы Хуыцау скӕндзӕни Пехуымпар“.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Уыдонӕн ис рагфыдӕлтӕ; се ’хсӕн райгуырди Чырысти дӕр, ӕппӕтыл Кӕй бар цӕуы, уӕлдӕр Кӕмӕй нӕй, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд ӕнустӕм! Аммен.


Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,


Уӕдӕ, цы фехъуыстам, уымӕ хъуамӕ уӕлдай ӕргом здахӕм, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уӕм.


Алцӕмӕй дӕр сси ӕххӕст, ӕмӕ Йе ’ппӕт коммӕгӕстӕн фестад мыггагмӕйы ирвӕзындзинады гуырӕн.


Ацы чиныг у Йесо Чырыстийы ӕргомад — уый Йын рардӕуыди Хуыцауӕй, цӕмӕй Йӕ цагъартӕн раргом кӕна, рӕхджы цы уыдзӕнис, уый. Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо Йӕ зӕды фӕрцы равдыста Йӕ цагъар Иоаннӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan