Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уый хъуамӕ уӕлӕрвты уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, афтӕ, цалынмӕ алцыдӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:21
16 Iomraidhean Croise  

Раздӕрау та дын дӕ сӕргъы ӕвӕрдзынӕн тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ уынаффӕйы лӕгты. Схондзысты дӕ „рӕстгӕнджыты сахар“ ӕмӕ „иузӕрдион сахар“».


рагзаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд хъусын кодта, афтӕ.


ӕмӕ загътой: «Галилейӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, Уыцы Йесо уӕ цӕсты раз уӕларвмӕ куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрыздӕхдзӕн».


Ӕппӕт пехуымпартӕ Йесойӕн ӕвдисӕн сты, зӕгъгӕ, чидӕриддӕр Ыл баууӕнда, уымӕн Йӕ номы фӕрцы хатыр уыдзысты тӕригъӕдтӕ».


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.


Уӕд уын Дунедарӕг саккаг кӕндзӕн сног кӕныны рӕстӕджытӕ ӕмӕ уын рарвитдзӕни нысангонд Йесо Чырыстийы.


Йе сфӕлдыст дуне кӕй фервӕздзӕн мӕлӕты ӕфсондзӕй ӕмӕ Хуыцауы хъӕбулты сӕрибар ӕмӕ кад кӕй райсдзӕн, уымӕй.


Хуыцау рагзамантӕй фӕстӕмӕ пехуымпарты уылты бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы хуызты дзырдта нӕ фыдӕлтимӕ.


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Рох уӕ ма уӕнт, сыгъдӕг пехуымпартӕ рагагъоммӕ кӕй загътой, уыцы ныхӕстӕ, стӕй уын уӕ апостолты дзыхӕй Бардарӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй фехъусын кодта, Йӕ уыцы фӕдзӕхст.


Цин кӕнут уый тыххӕй, уӕлӕрвтӕ! Цин кӕнут, сыгъдӕджытӕ, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ, уымӕн ӕмӕ уын уый цы тӕрхон рахаста, ахӕм тӕрхон ын рахаста Хуыцау.


Зӕд мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг. Ӕмӕ пехуымпарты Йӕ Удӕй разӕнгардгӕнӕг Бардарӕг Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды, рӕхджы цы уыдзӕн, уый Йӕ цагъартӕн равдисынмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan