Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уӕд уын Дунедарӕг саккаг кӕндзӕн сног кӕныны рӕстӕджытӕ ӕмӕ уын рарвитдзӕни нысангонд Йесо Чырыстийы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:20
15 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.


Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Елеоны хохмӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ хибарӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд уыдзӕн, стӕй цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис Де ’рцыды афон ӕмӕ, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый?»


Уӕд „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.


Адӕм уыцы ныхӕстӕм куы хъуыстой, уӕд ма сын Йесо иу ӕмбисонд ӕрхаста, уымӕн ӕмӕ Йӕ бирӕ нал хъуыди Йерусалиммӕ, ӕмӕ адӕм ӕнхъӕл уыдысты, Хуыцауы Паддзахад рӕхджы ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ уӕд „Адӕймаджы Фырты хъомыс ӕмӕ стыр кадимӕ фендзысты ӕврагъыл ӕрцӕйцӕугӕ“.


Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.


Уый хъуамӕ уӕлӕрвты уа, Хуыцау незаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд загъта, афтӕ, цалынмӕ алцыдӕр сног кӕныны афон ралӕууа, уӕдмӕ.


цӕмӕй уӕ зонд фидар уа ӕмӕ уӕ тасы ма бафтауой нӕдӕр мӕнгпехуымпарад, нӕдӕр ныхӕстӕ, нӕдӕр фыстӕг, цыма уыдон махӕй рацыдысты, ныридӕгӕн Бардарӕджы ӕрцыды бон ралӕууыд, зӕгъгӕ.


Уӕд фыдгӕнӕг йӕхи раргом кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Бардарӕг Йесо амардзӕн Йӕ комулӕфтӕй, цы бон ӕрцӕуа, уыцы бон ӕй бабын кӕндзӕн Йӕ кады рухсӕй.


афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.


Мӕнӕ Уый ӕврӕгътимӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныккӕудзысты зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ уыдзӕн ӕцӕг! Аммен.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan