Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Рӕсугъд кӕй хуыдтой, Кувӕндоны уыцы кулдуары раз бадти, мады гуыбынӕй цӕнкуыл чи рахаста, ахӕм лӕг. Алы бон дӕр-иу ӕй ӕрхастой ӕмӕ уым ныууагътой, цӕмӕй Кувӕндонмӕ цӕуджытӕй ӕхца кура.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:2
9 Iomraidhean Croise  

Уыдис ноджы иу мӕгуыргур, йӕ ном — Лазыр. Йӕ буар ӕгасӕй дӕр хӕфдзӕстытӕ фестад. Хъӕздыджы кулдуары рӕбын хуыссыд


Йесо Йерихонмӕ куы баввахс ис, уӕд уым фӕндаггӕрон бадти иу куырм мӕгуыргур.


Йӕ сыхӕгтӕ, стӕй йӕ раздӕр мӕгуыргурӕй чи уыдта, уыдон дзырдтой: «Ам-иу чи бадти, уыцы мӕгуыргур нӕу, ӕви?»


ӕмӕ мын загъта: „Корнелий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.


Корнелий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Бардарӕг?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.


Листрӕйы царди, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм лӕг; ӕдзухдӕр бадгӕ кодта, цӕуынхъом никуы уыд, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй афтӕ рахаста.


Базыдтой йӕ: Кувӕндоны Рӕсугъд дуары цур цы мӕгуыргур лӕг уыди, уый у. Цы йыл ӕрцыди, уый сӕ дисы бафтыдта.


диссаджы хуызы цы адӕймаг сдзӕбӕх, ууыл цыди дыууиссӕдз азӕй фылдӕр.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan