Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Петр уый куы федта, уӕд загъта адӕмӕн: «Израилӕгтӕ, цы йыл дис кӕнут ӕмӕ нӕм цы ныккастыстут, цыма, йӕ къӕхтыл кӕй цӕуы, уый нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, дингӕнджытӕ кӕй стӕм, уый руаджы бакодтам?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:12
15 Iomraidhean Croise  

Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».


Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».


Йӕхи номӕй дзурӕг йӕхи кадмӕ бӕллы. Йӕ Рарвитӕджы скадджын кӕнын Кӕй фӕнды, Уый та, ӕцӕг цы у, уый дзуры — мӕнгдзинад Ӕм нӕй.


Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Ацы уац ирвӕзындзинадыл дзуры ӕмӕ махӕн ӕрвыст у.


Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.


Чи сдзӕбӕх, уыцы цӕнкуыл Петр ӕмӕ Иоанны уӕгъд куынӕуал уагъта, уӕд сӕм ӕппӕт адӕм дисгӕнгӕ ӕрбазгъордтой, Соломоны тыргъ кӕй хуыдтой, уырдӕм.


Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, скадджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы, сымах марынмӕ Кӕй радтат ӕмӕ, Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд йӕ разы уӕхи Кӕуыл атигъ кодтат, Уыцы Йесо Чырыстийы.


Уӕдӕ уӕ фӕрсын: ау, Хуыцау ныууагъта Йӕ адӕмы? Ницы хуызы! Ӕз мӕхӕдӕг дӕр израилаг дӕн, Авраамы байзӕддаг, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй.


Уыдон израилӕгтӕ сты; Хуыцау сӕ Йӕхицӕн хъӕбултӕ скодта, Йӕ кад сын раргом кодта, семӕ фидыдтӕ сарӕзта, радта сын Ӕгъдау, Хуыцаумӕ кувыны уаг, зӕрдӕтӕ сын бавӕрдта.


Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.


Цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕрӕй мӕ иу бафарста: «Уӕртӕ урс-урсид дарӕс кӕуыл ис, уыдон чи сты ӕмӕ кӕцӕй ӕрцыдысты?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan