Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Чи сдзӕбӕх, уыцы цӕнкуыл Петр ӕмӕ Иоанны уӕгъд куынӕуал уагъта, уӕд сӕм ӕппӕт адӕм дисгӕнгӕ ӕрбазгъордтой, Соломоны тыргъ кӕй хуыдтой, уырдӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 3:11
9 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы номӕй афтӕ цӕмӕн дзурыс, ацы хӕдзар Силомы хъысмӕт бавзардзӕн, сахар та сафтид уыдзӕн ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззайдзӕн, зӕгъгӕ?» Адӕм иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзары ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йеремиайӕн стӕрхон кӕной.


Йесо арвыста Петр ӕмӕ Иоанны ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Ацӕут ӕмӕ нын Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрут».


Дӕлимонтӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы лӕг Ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ Йемӕ акӕна, фӕлӕ йын Йесо загъта:


Йесо зылди Кувӕндоныл, Соломоны тыргъы.


ӕмӕ уынӕрмӕ бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис. Сӕхи ӕвзӕгтыл дзургӕ сӕ куы фехъуыстой, уӕд дисы бафтыдысты


Петр уый куы федта, уӕд загъта адӕмӕн: «Израилӕгтӕ, цы йыл дис кӕнут ӕмӕ нӕм цы ныккастыстут, цыма, йӕ къӕхтыл кӕй цӕуы, уый нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, дингӕнджытӕ кӕй стӕм, уый руаджы бакодтам?


Петр ӕмӕ Иоанны куы федта Кувӕндонмӕ бацӕуӕны, уӕд уыдонмӕ дӕр лӕгъстӕгӕнгӕ бахатыд.


Петр ӕмӕ йӕм Иоанн ӕдзынӕг ныккастысты, ӕмӕ йын Петр загъта: «Ӕрбакӕс-ма нӕм».


Апостолты фӕрцы адӕмӕн ӕвдыст цыди бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Ӕппӕт уырнджытӕ-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Соломоны тыргъы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan