Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 28:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Публийы фыд сади тӕвдниз ӕмӕ гуыбыннизӕй. Павел ӕм бацыд, бакуывта, ӕрӕвӕрдта йыл йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 28:8
22 Iomraidhean Croise  

Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй сӕ бар цӕуа ӕнӕзӕгъинӕгтыл ӕмӕ сӕ адӕмӕй сурой, дзӕбӕх кӕной ӕппӕт рынчынты ӕмӕ нӕфӕразгӕты.


Дзӕбӕх кӕнут рынчынты, ӕгас кӕнут мӕрдты, сыгъдӕг кӕнут хъотырджынты, сурут дӕлимонты. Лӕвар райстат — лӕвар дӕттут.


Ӕмӕ уыцы лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма Мӕм ӕрбадар». Уый Йӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис, йӕ иннӕ къухы хуызӕн сси.


Йесо сын уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд Ӕм ӕрбацыди хицӕуттӕй иу, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ныртӕккӕ амарди мӕ чызг, фӕлӕ цом, Дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уыдзӕни».


кӕлмыты исдзысты сӕ къухтӕм ӕмӕ, марг куы бануазой, уӕд дӕр сын ницы уыдзӕн; рынчынтыл сӕ къухтӕ ӕвӕрдзысты, ӕмӕ-иу уыдон адзӕбӕх уыдзысты».


ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл Дӕ къухтӕ авӕр, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра».


Ӕмӕ уым Йӕ бон иу диссаг саразын дӕр нӕ уыд; ӕрмӕст цалдӕр рынчыныл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта.


Ӕрбакодтой Йӕм къӕзӕнӕг къуырма лӕджы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл Йӕ къух авӕра.


Йӕ къухтӕ йыл ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ сылгоймаг уайтагъд сӕмраст ис ӕмӕ райдыдта Хуыцауы стауын.


Исты низӕй рынчын йӕ хӕдзары кӕмӕндӕриддӕр уыди, — хурныгуылдыл Ӕм сӕ ӕрбалӕууын кодтой. Уый та-иу сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты.


Уырдӕм хӕстӕг уыдысты сакъадахы хицау Публийы хӕдзар ӕмӕ зӕххытӕ. Публий нӕ суазӕг кодта ӕмӕ нын ӕртӕ боны уыди рӕдау фысым.


Уыцы цауы фӕстӕ сакъадахы иннӕ рынчынтӕ дӕр цыдысты Павелмӕ ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты.


Петр се ’ппӕты дӕр рарвыста уатӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад». Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадти.


Ӕмӕ Хуыцау уыдонӕй иуты аргъуаны сӕвӕрдта, фыццаджыдӕр, апостолтӕй, дыккаджы — пехуымпартӕй, уый фӕстӕ — ахуыргӕнджытӕй. Уый иутӕн радта диссӕгтӕ ӕвдисыны тых, стӕй низтӕй дзӕбӕх кӕныны, ӕххуыс кӕныны, разамынд дӕттыны ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл дзурыны курдиӕттӕ.


аннӕмӕ Уды руаджы фӕзыны уырнындзинад, кӕмӕндӕр та Уд схай кӕны низтӕ дзӕбӕх кӕныны курдиат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan