Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 28:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ацыдыстӕм, «Диоскуртӕ» кӕй хуыдтой, уыцы александриаг науыл. Уый зымӕгиуат кодта уыцы сакъадахыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 28:11
9 Iomraidhean Croise  

Ӕрцӕут, ӕрбамбырд ут иууылдӕр, адӕмтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон! Ӕнӕфенд сты, йӕ хъӕдын хуыцаугонды йӕ дӕларм чи рахӕсс-бахӕсс кӕны ӕмӕ, адӕймаджы ирвӕзын цы хуыцау нӕ кӕны, уымӕ кувджытӕ.


Денджызонтыл стыр тас бахӕцыди Дунедарӕджы раз, ӕмӕ нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, ард Ын бахордтой.


Науы кусджытӕн фыр тӕссӕй сӕ уд ауади, алчи дзы йӕхи хуыцаумӕ фӕдисы хъӕр байдыдта, ласинаг сӕм цы уыд, уый донмӕ ӕппӕрстой, нау фӕрогдӕр уа, зӕгъгӕ. Ионӕ та уыцы рӕстӕг науы рӕбыноз бынатмӕ ныххызт, схуыссыд ӕмӕ тарф фынӕй баци.


Ахызтысты ӕгас сакъадахыл ӕмӕ бахӕццӕ сты Пафмӕ. Уым фембӕлдысты цавӕрдӕр иудейаг кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнгпехуымпарыл, йӕ ном — Вар-Йесо.


Уым сӕдӕйыхицау ссардта, Италимӕ чи цыд, ахӕм александриаг нау, ӕмӕ нӕ сбадын кодта ууыл.


Тынг нӕ сбуц кодтой ӕмӕ, куы цыдыстӕм, уӕд нын немӕ нывӕрдтой, цы нӕ хъуыди, уыдӕттӕ.


Бацыдыстӕм Сиракузтӕм ӕмӕ уым баззадыстӕм ӕртӕ боны.


Цавӕрдӕр киренӕгтӕ ӕмӕ александриӕгтӕ сӕрибар райсджыты Синагогӕ кӕй хуыдтой, уырдӕм цӕуджытӕ, стӕй ма Килики ӕмӕ Асийӕ чидӕртӕ быцӕу кӕнын райдыдтой Стефанимӕ.


Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцау йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan