10 Тынг нӕ сбуц кодтой ӕмӕ, куы цыдыстӕм, уӕд нын немӕ нывӕрдтой, цы нӕ хъуыди, уыдӕттӕ.
Хазаел ын Дамаскы хуыздӕр хӕрзтӕй ӕрцӕттӕ кодта дыууиссӕдз теуауаргъы ӕмӕ уыдонимӕ йӕ размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Дӕумӕ мӕ рарвыста дӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг, Арамы паддзах Бен-Хадад, йӕ низӕй сдзӕбӕх уыдзӕн, ӕви нӕ, уымӕй бафӕрсынмӕ».
Кад уӕд Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыны хъуыды паддзахы сӕры Чи бауагъта!
Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон мастӕй цух ма уӕнт. Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн, ме ’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.
Ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ацыдыстӕм, «Диоскуртӕ» кӕй хуыдтой, уыцы александриаг науыл. Уый зымӕгиуат кодта уыцы сакъадахыл.
Уыцы цауы фӕстӕ сакъадахы иннӕ рынчынтӕ дӕр цыдысты Павелмӕ ӕмӕ-иу сдзӕбӕх сты.
Йе стыр хъӕздыгадӕй Хуыцау баххӕст кӕндзӕн уӕ алы хъуаг дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы.
Адӕмӕй — сымах уат ӕви ӕндӕр исчи — нӕхицӕн кад нӕ агуырдтам.