Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 27:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Фӕлӕ сӕдӕйыхицауы фӕндыди Павелы фервӕзын кӕнын, ӕмӕ сӕ нӕ бауагъта. Бардзырд радта, цӕмӕй, ленк кӕнын чи зыдта, уыдон ӕппӕты разӕй ныггӕпп кӕной денджызмӕ ӕмӕ былмӕ рахизой;

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 27:43
8 Iomraidhean Croise  

Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.


Ӕрцӕттӕ кӕнут бӕхтӕ, ӕфсӕддонтӕ Павелы сӕрӕгасӕй бӕстӕйы хицау Феликсмӕ куыд бахӕццӕ кӕной, афтӕ».


Фӕлӕ сӕдӕйыхицау, Павел цы дзырдта, уымӕй наутӕрӕгыл ӕмӕ науы хицауыл фылдӕр ӕууӕндыд.


Дыккаг бон бахӕццӕ стӕм Сидонмӕ. Юлий хорз цӕстӕй ракаст Павелмӕ, радта йын йӕ хӕлӕрттӕм ацӕуыны фадат, цӕмӕй йыл баузӕлой.


Уӕд Павел сӕдӕйыхицауӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта: «Уыдон науыл куынӕ баззайой, уӕд уын фервӕзӕн нӕй».


Ӕфсӕддонтӕм фӕзынд ахӕстыты амарыны фӕнд, куыд ничи дзы аленк кӕна ӕмӕ алидза, афтӕ.


ӕртӕ хатты мыл лӕдзджытӕй ӕрцыдысты; иу хатт мӕ дуртӕй мардтой; ӕртӕ хатты наусӕфты бахаудтӕн, ӕхсӕв ӕмӕ бон денджызы, доны мидӕг, арвыстон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan