42 Ӕфсӕддонтӕм фӕзынд ахӕстыты амарыны фӕнд, куыд ничи дзы аленк кӕна ӕмӕ алидза, афтӕ.
Рӕстуд йӕ фосыл дӕр мӕт кӕны, ӕнӕхуыцауӕн йӕ хорзӕх дӕр — залым мийӕ фыддӕр.
Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.
Ирод фӕцагуырдта Петры ӕмӕ йӕ куынӕ ссардта, уӕд ӕрфарста хъахъхъӕнджыты ӕмӕ радта сӕ амарыны бардзырд. Уый фӕстӕ Иудейӕ ацыди Кесаримӕ ӕмӕ дзы афӕстиат.
ӕмӕ мын загъта: „Ма тӕрс, Павел! Ды хъуамӕ ӕрлӕууай кесӕры раз, ӕмӕ дын Хуыцау балӕвар кодта, демӕ чи цӕуы, уыдоны иууылдӕр“.
Фӕлӕ бахаудтой донбылмӕ, ӕмӕ нау тӕнӕджы ныссагъди. Йӕ фындз аныгъуылди зӕххы ӕмӕ нал змӕлыд, йӕ фӕрстӕ та йын уылӕнтӕ пырх кодтой.
Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме ’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй…