Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 27:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Фӕлӕ бахаудтой донбылмӕ, ӕмӕ нау тӕнӕджы ныссагъди. Йӕ фындз аныгъуылди зӕххы ӕмӕ нал змӕлыд, йӕ фӕрстӕ та йын уылӕнтӕ пырх кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 27:41
11 Iomraidhean Croise  

Иосафат саразын кодта Таршишмӕ цӕуӕг базарадон наутӕ, йӕ зӕрды сӕ уыд Офирмӕ арвитын, уырдыгӕй сыгъзӕрин ӕрбаласыны тыххӕй. Фӕлӕ Офирмӕ нал ацыдысты — ныппырх ын сты Ецион-Геверы.


Уый тыххӕй марешайаг Елиезер, Додавайы фырт, Иосафаты ныхмӕ рагуацы хуызы загъта: «Ахазиаимӕ ӕмдзӕхдон кӕй сдӕ, уый тыххӕй дын Дунедарӕг дӕ хъуыддаг фехалдзӕн». Ӕмӕ Иосафаты наутӕ Таршишмӕ нал ацыдысты — ныппырх сты.


Дӕ чематӕрджытӕ дӕ фурды астӕумӕ батардтой, скӕсӕйнаг уад дӕ фурды астӕу ныппырх кодта.


Фӕлӕ дӕ ныр ныппырх кодтой денджызы уылӕнтӕ, де ’ппӕт исбон, де ’ппӕт адӕм фурды бын куы фесты.


Наудзогтӕ йӕ куы систой наумӕ, уӕд, фӕфидар ӕй кӕныны тыххӕй, бӕндӕнтӕй науы фӕрстӕ ӕрбабастой. Дымгӕ науы цӕмӕй Сиртмӕ ма ахӕсса ӕмӕ уым тӕнӕджы ма ныссӕдза, уый тыххӕй ӕруагътой наупӕлӕз, ӕмӕ нӕ дымгӕ йӕхӕдӕг рахӕсс-бахӕсс кодта.


Наудзогтӕ хъавыдысты науӕй алидзынмӕ ӕмӕ, разӕрдыгӕй науӕнгуыр ӕрӕппарыны ӕфсонӕй, бӕлӕгъ ӕруагътой денджызмӕ.


Акъуырдтой науӕнгуыртӕ ӕмӕ сӕ ныууагътой денджызы, суӕгъд кодтой науыздахӕнтӕ, систой раззаг наупӕлӕз дымгӕмӕ ӕмӕ сӕ ных сарӕзтой былмӕ.


Ӕфсӕддонтӕм фӕзынд ахӕстыты амарыны фӕнд, куыд ничи дзы аленк кӕна ӕмӕ алидза, афтӕ.


Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan