Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 27:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Наудзогтӕ хъавыдысты науӕй алидзынмӕ ӕмӕ, разӕрдыгӕй науӕнгуыр ӕрӕппарыны ӕфсонӕй, бӕлӕгъ ӕруагътой денджызмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 27:30
5 Iomraidhean Croise  

Февзӕрдыстӕм, Кавда кӕй хонынц, уыцы сакъадахы цур. Сакъадах нӕ иу цасдӕр бахызта дымгӕйӕ, ӕмӕ тыхамӕлттӕй науы бӕлӕгъ бахъахъхъӕдтам.


Цыппӕрдӕсӕм ӕхсӕв нӕ уылӕнтӕ Адриатикӕйы денджызы куы хастой, уӕд ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг наудзогтӕ банкъардтой, зӕхмӕ кӕй ӕввахс кӕнӕм, уый.


Нау къӕдзӕхтӕм куы бахӕсса, уымӕй тӕссаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ фӕстӕрдыгӕй ӕруагътой цыппар науӕнгуыры ӕмӕ куывтой, цӕмӕй тагъддӕр ӕрбабон уа.


Уӕд Павел сӕдӕйыхицауӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта: «Уыдон науыл куынӕ баззайой, уӕд уын фервӕзӕн нӕй».


Уӕд ӕфсӕддонтӕ акъуырдтой бӕлӕгъы бӕттӕнтӕ, ӕмӕ бӕлӕгъ денджызмӕ ныххауд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan