18 Уад нӕ ӕгъатырӕй кӕй хоста, уымӕ гӕсгӕ дыккаг бон денджызмӕ нӕ ласинӕгтӕ калын райдыдтам.
Науы кусджытӕн фыр тӕссӕй сӕ уд ауади, алчи дзы йӕхи хуыцаумӕ фӕдисы хъӕр байдыдта, ласинаг сӕм цы уыд, уый донмӕ ӕппӕрстой, нау фӕрогдӕр уа, зӕгъгӕ. Ионӕ та уыцы рӕстӕг науы рӕбыноз бынатмӕ ныххызт, схуыссыд ӕмӕ тарф фынӕй баци.
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Цард хойрагӕй ахсджиагдӕр у, буар та — дарӕсӕй.
Ӕмӕ хицау раппӕлыд йӕ мӕнгард хӕдзаргӕсӕй, афтӕ кӕй сарӕхсти, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хъӕбултӕ, сӕхи хуызӕн чи у, уыдонимӕ исты хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, уӕд рухсы хъӕбултӕй ӕрхъуыдыджындӕр вӕййынц.
Ӕртыккаг бон та науы гӕрзтӕ ракалдтам.
Куы бафсӕстысты, уӕд нау фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй мӕнӕу акалдтой денджызмӕ.
Уӕдӕ уырнындзинады ӕвдисӕнтӕ нӕ алыварс уый бӕрц кӕм сты, уым мах дӕр ныууадзӕм, фӕстӕмӕ ныл цы хӕцы, ӕппӕт уыдӕттӕ, стӕй нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд ӕмӕ, нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй,