16 Февзӕрдыстӕм, Кавда кӕй хонынц, уыцы сакъадахы цур. Сакъадах нӕ иу цасдӕр бахызта дымгӕйӕ, ӕмӕ тыхамӕлттӕй науы бӕлӕгъ бахъахъхъӕдтам.
Павелы цӕстылуайӕны хӕдуӕлвӕд мах нӕхи срӕвдз кодтам Македонимӕ цӕуынмӕ — бамбӕрстам, Хуыцау нӕм уырдӕм Фарны Уац фӕхӕссынмӕ кӕй фӕсидти, уый.
Нау йӕ уӕлныхты систа, ӕмӕ уый йӕ ныхмӕ цӕуын нал фӕрӕзта. Нӕ бон ницы уыди, ӕмӕ нӕ дымгӕ хаста, кӕдӕм ӕй фӕндыд, уырдӕм.
Наудзогтӕ йӕ куы систой наумӕ, уӕд, фӕфидар ӕй кӕныны тыххӕй, бӕндӕнтӕй науы фӕрстӕ ӕрбабастой. Дымгӕ науы цӕмӕй Сиртмӕ ма ахӕсса ӕмӕ уым тӕнӕджы ма ныссӕдза, уый тыххӕй ӕруагътой наупӕлӕз, ӕмӕ нӕ дымгӕ йӕхӕдӕг рахӕсс-бахӕсс кодта.
Наудзогтӕ хъавыдысты науӕй алидзынмӕ ӕмӕ, разӕрдыгӕй науӕнгуыр ӕрӕппарыны ӕфсонӕй, бӕлӕгъ ӕруагътой денджызмӕ.