11 Фӕлӕ сӕдӕйыхицау, Павел цы дзырдта, уымӕй наутӕрӕгыл ӕмӕ науы хицауыл фылдӕр ӕууӕндыд.
Ӕмӕ Израилы паддзах уырдӕм сгарджытӕ арвыста. Иу ӕмӕ йын дыууӕ хатты не сбӕззыди Хуыцауы минӕвары уынаффӕ.
Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та ӕмраст йӕ фӕндагыл ацӕуы ӕмӕ ’фхӕрд баййафы.
Фӕлӕ сыкъауадындзы хъӕр чи фехъуса, уый йӕхи нӕ бахызта, зӕгъгӕ, уӕд карды амӕттаг бауыдзӕн, ӕмӕ йӕ тугныккалды аххосджын уыдзӕни йӕхӕдӕг.
Адӕм хойраджы хъӕстӕ рагӕй нал фесты. Павел рацыд сӕ размӕ ӕмӕ загъта: «Хорз адӕм, хъуыди уӕ мӕ коммӕ бакӕсын ӕмӕ Криты баззайын. Уӕд ацы бӕллӕх нӕ бавзӕрстаиккам ӕмӕ ныл зиан не ’рцыдаид.
Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.
Кӕс-ма, наутӕ дӕр кӕд цыфӕнды стыр сты ӕмӕ сӕ тыхджын дымгӕтӕ размӕ скъӕрынц, уӕддӕр сӕ гыццыл здахӕн саразы, наутӕрӕджы кӕдӕм фӕфӕнды, уыцырдӕм.
Уымӕн ӕмӕ ахӕм мулк фесӕфтис иунӕг сахатмӕ!» Науты хистӕртӕ ӕмӕ бӕлццӕттӕ иууылдӕр, наудзогтӕ, денджызыл цӕуӕг ӕппӕт сӕудӕджертӕ лӕууынц дӕрддзӕф,