Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 26:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Хуыцау мӕрдты кӕй ӕгас кӕны, уый, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм диссагыл нымайут, ӕви?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 26:8
14 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн».


Йесо сын загъта: «Адӕмы бон цы нӕу, уый Хуыцауы бон у».


Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй».


Фӕлӕ сын йемӕ уыди цыдӕр быцӕутӕ: сӕ дины ӕмӕ, Чи амард, уыцы цавӕрдӕр Йесойы тыххӕй — Павел дзырдта, удӕгас у, зӕгъгӕ.


Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас ис, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ.


Куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕхи ӕрӕмбарут ӕмӕ тӕригъӕды мауал ӕфтут. Уӕ худинаджы тыххӕй уын ӕй зӕгъдзынӕн: сымахмӕ ис, Хуыцауы чи нӕ зоны, ахӕмтӕ.


Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan