Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 26:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыцы зӕрдӕбавӕрды сӕххӕстӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы дӕр, ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн. Уыцы ныфсы тыххӕй, паддзах, мӕн иудейӕгтӕ аххосджын кӕнынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 26:7
19 Iomraidhean Croise  

Ӕппӕт израилӕгты тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхастой сӕдӕ галы, дыууӕсӕдӕ фысы, цыппарсӕдӕ уӕрыччы. Дыууадӕс нӕл сӕгъы та — Израилы хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ.


Уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыдон ӕппӕт израилӕгты номӕй Израилы Хуыцауӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕрхастой: галтӕ — дыууадӕс, фыстӕ — нӕуӕдз ӕхсӕз, уӕрыччытӕ — авдсӕдӕ авд, тӕригъӕды нывондӕн — дыууадӕс нӕл сӕгъы.


Стаут хуыцӕутты Хуыцауы — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ кадджын паддзахы бадӕны куы ӕрбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, дыууадӕс бадӕныл ӕрбаддзыстут ӕмӕ Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕндзыстут.


Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.


цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ ут къӕрцхъус, уӕ зӕрдыл дарут, ӕртӕ азы дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй сымахӕй алкӕй дӕр, цӕссыг калгӕйӕ, кӕй ахуыр кодтон, уый.


Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр.


«Паддзах Агриппӕ! Мӕхи нымайын амондджыныл, иудейӕгтӕ мӕ цӕмӕйты зылын кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕй абон дӕ разы мӕхи кӕй раст кӕнын, уымӕй.


Уӕлдайдӕр та уымӕн, ӕмӕ ды хорз зоныс иудейӕгты ӕппӕт ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзырддаг фӕрстытӕ. Уымӕ гӕсгӕ дӕ курын, фӕразонӕй мӕм байхъус.


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕрбахуыдтон сымах — фенон уӕ ӕмӕ аныхас кӕнон уемӕ, уымӕн ӕмӕ ацы рӕхыстӕй Израилы зӕрдӕдарӕны сӕраппонд баст дӕн».


ӕз дӕр мӕрдтӕй кӕй райгас уыдзынӕн, ууыл мӕ зӕрдӕ даргӕйӕ.


Ӕхсӕвӕй-бонӕй кувӕм ӕвӕллайгӕйӕ, цӕмӕй уӕ фенӕм лӕгӕй-лӕгмӕ ӕмӕ баххӕст кӕнӕм, уӕ уырнындзинад цы хъуаг у, уый.


Иунӕгӕй чи баззади, уыцы идӕдз ус йӕ зӕрдӕ дары ӕрмӕст Хуыцауыл, ӕхсӕвӕй-бонӕй кувы ӕмӕ куры.


Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan