32 Агриппӕ загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не ’рдомдтаид, уӕд ацы адӕймаджы суӕгъдгӕнӕн уаид».
Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Фӕлӕ Феликс, иудейӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, Павелы ахӕстоны ныууагъта.
Фӕлӕ ӕз куыд сбӕрӕг кодтон, афтӕмӕй, амарӕн ӕй цӕй тыххӕй ис, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын.
Уыдон ӕркастысты мӕ хъуыддагмӕ ӕмӕ мӕ хъавыдысты рауадзынмӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕлӕты тӕрхон рахӕссыны аккаг цы уа, ахӕмӕй ницы сарӕзтон.
Фӕлӕ иудейӕгтӕ ныхмӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕрдомдтон кесӕры тӕрхон — ӕндӕр гӕнӕн мын нӕ уыд. Ӕмӕ ӕз афтӕ мӕ адӕммӕ исты азым ӕрхӕссыны охыл нӕ бакодтон.
Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.