Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 26:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 26:16
34 Iomraidhean Croise  

Ахӕм уыди, Дунедарӕджы кады хуызӕг кӕм раргом, уыцы цӕстылуайӕн. Уый фенгӕйӕ, зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ фехъуыстон кӕйдӕр хъӕлӕс. Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дзурдзынӕн демӕ».


Зӕд мын загъта: «Даниил, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы! Сыст ӕмӕ лӕмбынӕг байхъус мӕ ныхӕстӕм, уымӕн ӕмӕ ӕз ныр дӕумӕ ӕрвыст дӕн». Куы мӕм сдзырдта, уӕд сыстадтӕн, фыр тӕссӕй зыр-зыр кодтон.


тӕккӕ райдианӕй сӕ йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ Хуыцауы ныхас адӕммӕ чи хӕццӕ кодта, уыдоны уылты.


Афтӕмӕй уый уыдис махӕй ӕмӕ архайдта нӕ лӕггады.


цӕмӕй, чи йӕ ныууагъта ӕмӕ йе ’цӕг дунемӕ чи ацыд, уыцы Иудӕйы бӕсты суа Дӕ апостол».


Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.


Павел сын салам радта ӕмӕ бӕлвырд радзырдта, йӕ куысты руаджы Хуыцау муртаттӕгты ӕхсӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй.


Уӕд ӕз бафарстон: „Бардарӕг, цы гӕнгӕ мын у?“ Бардарӕг мын загъта: „Сыст ӕмӕ цу Дамаскмӕ — уым дын загъдӕуыдзӕн, Хуыцау дын цы саразын снысан кодта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй“.


Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй Йерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр».


Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Бардарӕг?“ Бардарӕг загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо.


нӕхӕдӕг та иудадзыг кувдзыстӕм ӕмӕ кусдзыстӕм Хуыцауы Дзырд парахат кӕныныл».


Йесойы фӕрцы ӕз сдӕн апостол, цӕмӕй Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты минӕвӕртты баууӕндын кӕнон Хуыцауыл.


Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй муртаттӕгтӕн уазлӕггад кӕнон Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ сын хъусын кӕнон Хуыцауы Фарны Уац, цӕмӕй муртаттӕгтӕ суой, Сыгъдӕг Уд кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм фӕндиаг цардӕгас нывонд.


Ахӕм куыст нын Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы лӕвӕрд у, ӕмӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты.


Ӕппӕт уыдӕттӕ сты, Чырыстийы фӕрцы нӕ Йемӕ Чи бафидауын кодта ӕмӕ нын адӕмы Йемӕ бафидауын кӕныны куыст Чи бафӕдзӕхста, уыцы Хуыцауӕй.


Ӕз ӕй адӕймагӕй нӕ фехъуыстон, адӕймаг мын ӕй нӕ бацамыдта, фӕлӕ мын ӕй Йесо Чырысти раргом кодта.


Уырдӕм ацӕуын мӕ кӕй хъӕуы, уый та мын раргом ис Хуыцауӕй, ӕмӕ уым радзырдтон, муртаттӕгтӕн цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый тыххӕй. Хицӕнӕй ма ныхас кодтон номджын хистӕртимӕ, цӕмӕй сбӕлвырд уа, ӕз дзӕгъӕлы кӕй нӕ фӕкуыстон ӕмӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ кусын.


Уӕлдӕр цыбырӕй куыд фыстон, афтӕмӕй мын Хуыцау раргом кодта Йӕ сусӕгдзинад.


Ӕрмӕст уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ лӕууа фидар бындурыл, уа ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ хъуамӕ ма адард уат, цы Фарны Уац фехъуыстат, уый уын цы ныфс дӕтты, уымӕй. Уыцы Фарны Уац фехъусын чындӕуыд дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг.


Ӕз сдӕн Йӕ уыцы Аргъуаны кусӕг, цӕмӕй саразон, уӕ пайдайӕн мын Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый — сымахӕн Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.


Фарны уац сымах базыдтат нӕ уарзон ӕмкусӕг Эпафрасӕй — уый уӕ сӕраппонд ӕнувыдӕй кусы Чырыстийӕн.


Чырыстийы тыххӕй Фарны Уац хъусын кӕныны хъуыддаджы Хуыцауӕн немӕ чи кусы, нӕ уыцы ӕфсымӕр Тимофейы та арвыстам уӕ барӕвдауынмӕ ӕмӕ уӕ уырнындзинад сфидар кӕнынмӕ,


Ӕз арфӕ кӕнын, мӕнӕн тых Чи радта, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийӕн, иузӕрдионыл мӕ кӕй банымадта, Йӕ кусӕг мӕ кӕй скодта, уый тыххӕй,


Уыдӕттӕ амон ӕфсымӕртӕн ӕмӕ уыдзынӕ, уырнындзинады ныхасӕй, стӕй, цы арфӕйаг ахуырадыл ныллӕууыдтӕ, уый ныхасӕй рӕз чи схаста, Йесо Чырыстийы уыцы хорз кусӕг.


Фӕлӕ дӕумӕ кӕддӕриддӕр уӕд уӕззау зонд, зынтӕн у фӕразон, адӕммӕ хӕсс Фарны Уац, кӕронмӕ бакӕн дӕ куыст.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan