Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 26:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Не ’ппӕт дӕр ӕрхаудыстӕм зӕххыл, ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дзуттагау мӕм чи дзырдта, ахӕм хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс? Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ цӕуын“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 26:14
11 Iomraidhean Croise  

Куырыхоны зондамынд — царды гуырӕн, мӕлӕты къӕппӕгӕй дӕ фервӕзын кӕндзӕн.


Йерусалимы алыварс знӕгтӕ куы ’рхъула кӕной, уӕд ӕй Ӕз йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн ӕмӕ суанг Иудӕйӕн дӕр, кӕмӕй ныррасыг уыдзысты, ахӕм кӕхц фестын кӕндзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: хӕлӕттаг уӕ чи фӕкодта, уыцы адӕмтӕм Мӕ Уый рарвыста Йӕ кадӕн, уымӕн ӕмӕ, сымахыл чи ӕндзӕвы, уый Йӕ цӕсты гагуыйыл андзӕвы:


Бар ын куы радта, уӕд Павел, асиныл лӕугӕйӕ, адӕмӕн йӕ къухӕй ацамыдта ӕмӕ, куы ӕрсабыр сты, уӕд райдыдта дзуттагау дзурын:


Дзуттагау кӕй дзуры, уый куы фехъуыстой, уӕд бынтон ныхъхъус сты. Павел загъта:


Ӕмбисбон фӕндагыл, паддзах, ӕз федтон, хуры рухсӕй ирддӕр чи уыди, мӕныл ӕмӕ ме ’мбӕлццӕттыл чи ӕртыхст, ахӕм рухс уӕларвӕй.


Ӕз бафарстон: „Чи дӕ, Бардарӕг?“ Бардарӕг загъта: „Ды Кӕй ӕфхӕрыс, уыцы Йесо.


Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй: хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой.


Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan