11 Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл; агъуыдау сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр.
Дунедарӕг рӕдау ӕмӕ хатыргӕнаг у, бирӕ быхсы, ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх.
Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.
Уӕхи хъахъхъӕнут адӕмӕй: уыдон уӕ тӕрхондӕттӕм дӕтдзысты, сӕ синагогӕты уӕ ехсӕй нӕмдзысты.
Фӕлӕ сымах уӕхи цӕттӕ дарут: синагогӕты уын тӕрхон кӕндзысты ӕмӕ уӕ уым нӕмдзысты; ӕвдисӕн Мын лӕудзыстут хицӕуттӕ ӕмӕ паддзӕхты раз.
Ӕцӕг уын зӕгъын: адӕм цыфӕнды тӕригъӕд куы ракӕной ӕмӕ Хуыцауӕй цыфӕнды фауӕн ныхас куы зӕгъой — хатыр сын уыдзӕни.
Йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: „Мӕ фыдмӕ цас ӕххуырстытӕ ис, ӕмӕ хойрагӕй сӕ уӕлдай ныууадзынц, ӕз та ам стонгӕй мӕлын!
Фӕлӕ уӕ ӕппӕт уыдӕтты размӕ райдайдзысты ахсын ӕмӕ ӕфхӕрын, синагогӕты уын тӕрхон хӕсдзысты ӕмӕ уӕ ахӕстӕттӕм кӕндзысты. Мӕ номы тыххӕй-иу сымах паддзӕхты ӕмӕ бӕстыхицӕутты раз ӕрлӕууын кӕндзысты.
Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕ маст фыхти Йесомӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, цы Йын бакӕной, ууыл.
Иудейӕгтӕ уый бӕрц адӕм куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕйтыдтой; Павел цы загъта, уыдӕтты ныхмӕ дзырдтой ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой.
Фӕлӕ уыдон йӕ ныхмӕ кӕй уыдысты ӕмӕ йӕ кӕй фаудтой, уымӕ гӕсгӕ Павел ацагъта йӕ дарӕсы рыг ӕмӕ сын загъта: «Уе сӕфт уӕхи тыххӕй ӕрцӕудзӕн, ӕз сыгъдӕг дӕн ӕмӕ ныр муртаттӕгтӕм цӕуын».
Ӕз загътон: „Бардарӕг, уыдон зонынц, ӕз Дӕуыл ӕууӕндджыты кӕй ахстон ӕмӕ сӕ синагогӕты кӕй надтон, уый.
Уымӕн ӕвдисӕн сты алчер ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр. Ӕз уыдонӕй райстон фыстӕджытӕ не ’фсымӕртӕм, дамаскаг иудейӕгтӕм, ӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй уым дӕр ӕрцахсон уырнджыты ӕмӕ сӕ бафхӕрынмӕ ӕркӕнон Йерусалиммӕ.
Савлӕн раздӕрау ӕнӕуынон уыдысты Бардарӕджы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ
Сымахӕн цы кадджын ном рардӕуыд, ууыл цъыф уыдон нӕ калынц, ӕви?
Фӕлӕ йын йӕ азым комкоммӕ загъдӕуыди: ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй ӕмӕ пехуымпары бахызта ӕнӕсӕрфат мийӕ.