1 Агриппӕ загъта Павелӕн: «Ис дын дӕхи сраст кӕныны тыххӕй дзурыны бар». Уӕд Павел йӕ къух размӕ радардта ӕмӕ райдыдта йӕхи раст кӕнын:
Куы уӕм сидтӕн, уӕд мыл уӕхи атигъ кодтат, мӕ къух уӕм фӕивӕзтон, фӕлӕ мӕм хъусӕг нӕ уыди.
Ӕрхауыны размӕ фӕзыны ӕнӕввӕрсондзинад, кадӕн йӕ разӕй — сӕрныллӕгдзинад.
Лӕвӕрттӕ адӕймагӕн уӕрӕх фадӕттӕ байгом кӕнынц, стыр хицӕуттӕм ын фӕндаг раттынц.
Ӕмӕ Дӕм мӕнӕ Ӕз Мӕ къух систон, дӕ зӕххы хай дын фӕкъаддӕр кодтон ӕмӕ дӕ радтон, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы филистимаг чызджыты къухтӕм, фӕлӕ суанг уыдон дӕр фефсӕрмы сты де ’нӕуаг митӕй.
«Не ’Гъдау, адӕймагӕн йӕхимӕ ма байхъус ӕмӕ, цы гӕнӕг у, уый ма базон, афтӕмӕй йын тӕрхон кӕнын амоны, ӕви?»
«Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕртӕ, байхъусут, мӕхи сраст кӕныны тыххӕй уын цы зӕгъинаг дӕн, уымӕ».
Ӕз сын дзуапп радтон, зӕгъгӕ, зылынгонд чи цӕуы, уыцы адӕймаг цалынмӕ йӕ зылынгӕнджытимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕла ӕмӕ йын йӕхи сраст кӕныны фадат уа, уӕдмӕ ромаг ӕгъдау никӕй дӕтты бафхӕрынмӕ.
Уымӕн ӕмӕ, ахст адӕймаджы цӕмӕй зылын кӕнынц, уый ма бавдис, афтӕмӕй йӕ арвит, уый мӕм раст нӕ кӕсы».
«Паддзах Агриппӕ! Мӕхи нымайын амондджыныл, иудейӕгтӕ мӕ цӕмӕйты зылын кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕй абон дӕ разы мӕхи кӕй раст кӕнын, уымӕй.
Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.
Израилы тыххӕй та зӕгъы: «Алы бон дӕр, мӕ цӕнгтӕ сӕм даргӕйӕ, сидтӕн ӕгоммӕгӕс ӕмӕ хивӕнд адӕммӕ».