Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фест сӕм фӕци аст-дӕс боны, стӕй ӕрыздӕхти Кесаримӕ. Дыккаг бон ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радта Павелы ӕрбакӕныны бардзырд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 25:6
11 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма, Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр барвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны».


Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ, Лифостротон кӕй хуыдтой, дзуттагау та — Гаввафӕ, уым ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты.


Фест бӕстӕйы хицауы бынат куы бацахста, уӕд ӕртӕ боны фӕстӕ Кесарийӕ ацыд Йерусалиммӕ.


Павел загъта: «Ӕз кесӕры тӕрхоны раз лӕууын, ӕмӕ мын тӕрхон ам хъуамӕ кӕной. Ды дӕр хорз зоныс: ӕз иудейӕгты хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн.


Уыдон ӕрцыдысты ардӕм, ӕмӕ ӕз ӕвӕстиатӕй дыккаг бон ӕрбадтӕн тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радтон уыцы лӕджы ӕрбакӕныны бардзырд.


Фӕлӕ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахӕстоны ис, стӕй рӕхджы мӕхӕдӕг дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн.


Ӕмӕ уӕ кӕй бон у, уыдон рацӕуӕнт мемӕ ӕмӕ, кӕд уыцы лӕг ӕвзӕрӕй исты ракодта, уӕд-иу ӕй базылын кӕнӕнт».


Филипп та февзӕрди Азоты ӕмӕ, йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕппӕт сахарты хъусын кодта Фарны Уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.


Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.


Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Бонджынтӕ уӕ не ссӕндынц ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм уыдон нӕ рарвит-барвит кӕнынц, мыййаг?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan