12 Уӕд Фест аныхас кодта йӕ уынаффӕдоны уӕнгтимӕ ӕмӕ дзуапп радта: «Ды ӕрдомдтай кесӕры тӕрхон ӕмӕ ацӕудзынӕ кесӕрмӕ».
Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?
Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын, цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа? Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?
Уӕдӕ нын зӕгъ: куыд Дӕм кӕсы, кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?»
Ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ Павелы бафӕндыд Македони ӕмӕ Ахайыл Йерусалиммӕ ацӕуын. Павел загъта: «Йерусалимы фӕстӕ хъуамӕ бабӕрӕг кӕнон Ром дӕр».
Уыцы ӕхсӕв Павелмӕ фӕзынди Бардарӕг ӕмӕ йын загъта: «Фидар лӕуу, Павел, уымӕн ӕмӕ, Мӕн тыххӕй Йерусалимы куыд дзырдтай, афтӕ хъуамӕ дзурай Ромы дӕр».
Кӕд ӕз, амарыны аккаг цы у, ахӕмӕй исты ракодтон, уӕд цӕттӕ дӕн мӕлӕтмӕ. Фӕлӕ кӕд, азымджын мӕ цӕмӕй кӕнынц, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрымысгӕ сты, уӕд мӕн сӕ къухмӕ раттын никӕй бон у. Ӕз домын кесӕры тӕрхон».
Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ цалдӕр боны фӕстӕ паддзах Фестӕн ӕгасцуай зӕгъынмӕ ӕрцыдысты Кесаримӕ.
Фӕлӕ Павел ӕрдомдта, цӕмӕй йӕ ныууадзой ахӕстоны, цалынмӕ кесӕр уынаффӕ рахӕсса, уӕдмӕ. Уӕд ӕз бардзырд радтон, цалынмӕ йӕ кесӕрмӕ арвитон, уӕдмӕ йӕ ахӕстоны куыд дарой».
Агриппӕ загъта Фестӕн: «Кесӕры тӕрхон куы не ’рдомдтаид, уӕд ацы адӕймаджы суӕгъдгӕнӕн уаид».
Италимӕ кӕй хъуамӕ ацӕуӕм, уыцы уынаффӕ куы рахастӕуыд, уӕд Павелы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕстыты радтой сӕдӕйыхицау Юлийы къухмӕ; уый уыди кесӕры ӕфсӕддон хайӕ.
Роммӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд Павелӕн радтой йӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонимӕ хицӕнӕй ӕрцӕрыны бар.
Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти — кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй.