1 Фест бӕстӕйы хицауы бынат куы бацахста, уӕд ӕртӕ боны фӕстӕ Кесарийӕ ацыд Йерусалиммӕ.
Кесарийы рахызти науӕй ӕмӕ ӕрцыд Йерусалиммӕ. Уым аргъуаны фембӕлд уырнджытимӕ ӕмӕ араст Антиохимӕ.
Уый фӕстӕ нӕхи срӕвдз кодтам ӕмӕ араст стӕм Йерусалиммӕ.
Бӕстӕйы хицау бакасти фыстӕг ӕмӕ Павелы, кӕцон у, уымӕй бафарста. Киликийӕ кӕй у, уый куы базыдта, уӕд загъта:
Фӕлӕ дыууӕ азы фӕстӕ Феликсы раивта Порций Фест. Фӕлӕ Феликс, иудейӕгты зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй, Павелы ахӕстоны ныууагъта.
Агриппӕ ӕмӕ Верникӕ цалдӕр боны фӕстӕ паддзах Фестӕн ӕгасцуай зӕгъынмӕ ӕрцыдысты Кесаримӕ.
Фӕлӕ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахӕстоны ис, стӕй рӕхджы мӕхӕдӕг дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн.
Ӕмӕ уӕ кӕй бон у, уыдон рацӕуӕнт мемӕ ӕмӕ, кӕд уыцы лӕг ӕвзӕрӕй исты ракодта, уӕд-иу ӕй базылын кӕнӕнт».
Фест сӕм фӕци аст-дӕс боны, стӕй ӕрыздӕхти Кесаримӕ. Дыккаг бон ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты ӕмӕ радта Павелы ӕрбакӕныны бардзырд.
Филипп та февзӕрди Азоты ӕмӕ, йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ, ӕппӕт сахарты хъусын кодта Фарны Уац, цалынмӕ Кесаримӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ.