9 Иудейӕгтӕ разы уыдысты Тертуллы ныхӕстыл ӕмӕ дзырдтой, ӕппӕт дӕр афтӕ уыди, зӕгъгӕ.
О Хуыцау, фехъус мын мӕ хъӕр! Ӕрмӕстдӕр мӕ Ды сраст кӕндзынӕ! Ды-иу мӕ фервӕзын кодтай уынгӕджы заман. Батӕригъӕд кӕн ӕмӕ мын айс мӕ куывд!
Уӕ фыд хӕйрӕг у, ӕмӕ, уӕ фыды зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнын уӕ фӕнды. Уый райдианӕй уыди лӕгмар, ӕмӕ йын ӕцӕгадимӕ иумӕйагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад. Уый мӕнг куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ кӕнон кӕны, уымӕн ӕмӕ у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд.
ӕмӕ йӕ зылын чи кодта, уыдонӕн арвыста дӕумӕ.] Ацы лӕгӕн йӕ хъуыддаг дӕхӕдӕг куы равзарай, уӕд ын йӕхицӕй фехъусдзынӕ, мах ӕй цӕмӕй зылын кӕнӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ».
Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.