7 фӕлӕ ӕрцыд ӕфсӕддон хицау Лисий, лӕгдыхӕй нын ӕй байста нӕ къухтӕй,
Уыдон исты фыдбылыз куынӕ саразой, уӕд сыл ӕхсӕв хуыссӕг нӕ хӕцы, искӕмӕн знаггад куынӕ ракӕной, уӕд ӕхсӕвыгон фынӕй нӕ кӕнынц.
Хъавыдысты йӕ амарынмӕ, фӕлӕ ӕфсӕддон хицаумӕ фӕхабар чындӕуыд, ӕгас Йерусалим базмӕлыди, зӕгъгӕ.
Павел асинмӕ куы бахӕццӕ, уӕд ӕй ӕфсӕддонты бахъуыди хӕссын, уымӕн ӕмӕ йӕм адӕм лӕбурдтой.
Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.
Ӕфсӕддон хицау фӕсидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ.
Уый архайдта суанг Кувӕндон фӕчъизи кӕныныл, ӕмӕ йӕ мах ӕрцахстам. [Нӕ зӕрды йын уыди нӕхи Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын,
ӕмӕ йӕ зылын чи кодта, уыдонӕн арвыста дӕумӕ.] Ацы лӕгӕн йӕ хъуыддаг дӕхӕдӕг куы равзарай, уӕд ын йӕхицӕй фехъусдзынӕ, мах ӕй цӕмӕй зылын кӕнӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ».