Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у емынӕйӕ фыддӕр, ӕппӕт дунейы иудейӕгты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:5
32 Iomraidhean Croise  

Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».


Бениамины кулдуары уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм хъахъхъӕнджыты хицау, Хананиайы фырты фырт, Шелемийы фырт Ирийа фӕлӕбурдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕу фӕнды халдейӕгтӕм балидзын!»


Уӕд уӕздӕттӕ паддзахӕн загътой: «Ацы лӕджы амарын хъӕуы. Ахӕм ныхӕстӕй, сахары ма цы хӕстонтӕ баззад, уыдонӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн сӕ хъару лӕмӕгъ кӕны. Йӕ зӕрдӕ адӕмӕн хорзӕй ницы зӕгъы, се сӕфтмӕ бӕллы».


Вефилы сауджын Амациа паддзах Йеровоаммӕ минӕвары арвыста ахӕм уацимӕ: «Амос израилӕгты дӕ ныхмӕ аразы, зӕхх нал уромы йӕ ныхӕстӕ.


Ахуыргӕнинаг йӕ ахуыргӕнӕджы хуызӕн куы суа, уӕд ын уый ӕгъгъӕд у. Цагъар дӕр йӕ хицауы хуызӕн куы суа, уӕд уымӕн дӕр ӕгъгъӕд у. Хӕдзары хицауы Веелзевул куы хоной, уӕд ын йӕ хӕдзаронты ноджы цыфыддӕртӕ не схондзысты, ӕви?


Ӕрцыдис уырдӕм ӕмӕ ӕрцарди, Назарет цы сахар хуынди, уым. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпартӕ цы загътой, уый: «Схондзысты Йӕ Назорей».


«Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назаретаг Йесо? Ды нӕ фесафынмӕ ӕрцыдтӕ! Ӕз зонын, Чи дӕ, уый — Ды Хуыцауы Сыгъдӕг дӕ».


Вараввӕйы та ахӕстоны бакодтой, сахары змӕсты аххосджын кӕй уыди ӕмӕ кӕйдӕр кӕй амардта, уый тыххӕй.


Уым Ӕй райдыдтой аххосджын кӕнын: «Мах сбӕлвырд кодтам, ацы адӕймаг нын адӕмы кӕй халы, уый. Кесӕрӕн хъалон фидын нӕ уадзы ӕмӕ Йӕхи хоны Чырысти, ома Паддзах».


змӕст ӕмӕ тугныккалды азымимӕ ахӕстоны кӕй сбадын кодтой ӕмӕ йӕм адӕм кӕй тыххӕй ныххатыдысты, уыцы Вараввӕйы рауагъта, Йесойы та сын сӕ бар бакодта.


Фӕлӕ уыдон уӕддӕр нӕ састысты: «Уый ӕгас Иудейы Йӕ ахуырадӕй адӕмы змӕнты. Райдыдта Галилейӕ ӕмӕ ныр ардӕм ӕрбахӕццӕ».


Фӕлӕ, Йесойыл чи баууӕндыд, уыцы фарисейтӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгтӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.


Хъӕр систой: «Израилӕгтӕ, баххуыс кӕнут! Ацы адӕймаг алкӕй дӕр ӕмӕ алы ран дӕр ахуыр кӕны нӕ адӕмы, Ӕгъдауы ӕмӕ ацы бынаты ныхмӕ. Суанг ма муртаттӕгты дӕр бахуыдта Кувӕндонмӕ ӕмӕ фӕчъизи кодта ацы сыгъдӕг бынат!»


Адӕм ӕм хъуыстой, цалынмӕ ацы ныхӕстӕ нӕ загъта, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодтой: «Зӕххыл хъуамӕ ма уа! Удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй!»


Фӕлӕ дӕ разы ууыл сӕттын, ӕмӕ, уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ ӕз лӕггад кӕнын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдауы чиныджы ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.


Фӕлӕ дӕ цӕмӕй ма фӕлмӕцын кӕнон, уый тыххӕй дӕ курын: дӕ хорзӕхӕй, иу чысыл нӕм байхъус.


Павел куы ӕрбацыд, уӕд Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг иудейӕгтӕ ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, азымджын ӕй кодтой бирӕ уӕззау фыдракӕндты, фӕлӕ сӕм бӕлвырд ӕвдисӕнӕй ницы уыд.


Рагӕй мӕ зонынц, ӕмӕ сӕ куы бафӕнда, уӕд сӕ бон у ӕвдисӕн ныллӕууын, ӕз кӕй цардтӕн фарисейы цардӕй — нӕ дины тӕккӕ карздӕр къабазы домӕнтӕм гӕсгӕ.


Фӕлӕ мах фӕнды, куыд хъуыды кӕныс, уый дӕхицӕй фехъусын. Уымӕн ӕмӕ, алы ран дӕр уыцы ахуырады ныхмӕ кӕй дзурынц, уый нын зындгонд у».


Алчер ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон иууылдӕр (ома саддукейты къорд) хӕлӕгӕй мардысты.


Цы мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбахуыдтой, уыдон дзырдтой: «Ацы адӕймаг иудадзыг дзуры рухс Кувӕндон ӕмӕ Моисейы Ӕгъдауы ныхмӕ.


Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе ’хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.


Цъыф ныл калынц, мах та сын фӕлмӕн ныхасӕй дзуапп дӕттӕм. Быронӕй уӕлдай не стӕм адӕмы цӕсты.


Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ Хуыцауимӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan