Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 «Дӕ фӕрцы нӕ бӕстӕ у ӕнцад; царды ӕппӕт къабӕзты алы ран дӕр дӕ арӕхстджын разамындӕй цы ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдон ахъаз сты ацы адӕмы фӕрныг цардӕн. Уыдӕтты тыххӕй бузныг стӕм дӕуӕй, кадджын Феликс.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:3
7 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, цытджын Феофил, сфӕнд кодтон ӕппӕт хабӕрттӕ кӕронмӕ лыстӕг равзарын ӕмӕ дӕм сӕ фӕд-фӕдыл бӕстон ныффыссын,


Ӕрцӕттӕ кӕнут бӕхтӕ, ӕфсӕддонтӕ Павелы сӕрӕгасӕй бӕстӕйы хицау Феликсмӕ куыд бахӕццӕ кӕной, афтӕ».


«Клавдий Лисийӕ — бӕстӕйы хицаумӕ, кадджын Феликсмӕ. Фӕрнджын у.


Барджытӕ Кесаримӕ куы ӕрцыдысты, уӕд бӕстӕйы хицаумӕ радтой фыстӕг ӕмӕ йын Павелы йӕ бар ныууагътой.


Павелы куы бакодтой, уӕд ӕй Тертулл зылын кӕнын райдыдта:


Фӕлӕ дӕ цӕмӕй ма фӕлмӕцын кӕнон, уый тыххӕй дӕ курын: дӕ хорзӕхӕй, иу чысыл нӕм байхъус.


Павел дзуапп радта: «Нӕ, кадджын Фест, ӕз сӕрхъӕн нӕ дӕн, фӕлӕ зӕгъын, раст зондӕй чи цӕуы, ӕцӕгады уыцы ныхӕстӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan