Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы тас бацыд ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:25
99 Iomraidhean Croise  

Израилы Хуыцау загъта, Израилы Къӕдзӕх мын фехъусын кодта: „Рӕстӕй адӕмыл ӕлдариуӕг чи кӕна, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сын разамынд чи дӕтта,


Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта.


Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ цы загътон, уый куы фехъуыстай, — гӕныстон ӕмӕ ӕлгъыст сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц, — уӕд дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтай ӕмӕ дӕ цӕссыг калдтай Мӕ разы. Уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Бавдӕлӕм ӕмӕ нӕ Хуыцауимӕ бафидауӕм ӕмӕ дӕ фӕндӕй, нӕ хистӕр, ӕмӕ, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ йӕ зӕрдӕйы арф ӕвӕрд кӕмӕн сты, ӕппӕт уыдоны фӕндӕй нӕ уыцы устыты ӕмӕ, кӕй нын ныййардтой, уыцы сывӕллӕтты иууылдӕр нӕхицӕй арвитӕм. Ӕгъдау куыд амоны, афтӕ фӕуӕд!


Иудей ӕмӕ Бениамины цӕрджытӕ иууылдӕр ӕртӕ бонмӕ, фарӕстӕм мӕйы ссӕдзӕм бон, ӕрбамбырд сты Йерусалиммӕ. Адӕм бадтысты Хуыцауы хӕдзары цур фӕзы. Хъуыддагыл катайӕ дӕр адӕргӕй гӕвз-гӕвз кодтой, къӕвдайӕ дӕр рызтысты.


Рӕстдзинад-иу мӕ уӕлӕ дарӕсау ӕркодтон, рӕстдзинад уыд мӕ уӕлӕфтау, мӕ худ.


Дунедарӕджы ныхӕстӕ сыгъдӕг сты, куынцгомы кӕй бахсыстӕуыд ӕмӕ авд хатты кӕй батайын чындӕуыд, ахӕм ӕвзистау.


Скатай сты адӕмтӕ, базмӕлыдысты паддзахӕдтӕ: Хуыцауы хъӕлӕс райхъуысти, ӕмӕ зӕхх атади.


Ӕз та, чысыл ма бахъӕуа, фӕцудон, фӕкӕлынмӕ мӕ бирӕ нал хъуыди:


Стауӕн псалом. Ӕгас зӕхх, Дунедарӕджы сыстау!


Паддзӕхтӕ фыдракӕндтыл ӕлгъ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ паддзахы бадӕн раст зондӕй сфидар вӕййы.


Мӕ лӕппу! Цалынмӕ ӕрыгон дӕ, уӕдмӕ дӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвит, де ’рыгон бонты царды цинӕй бафсӕд; дӕ зӕрдӕйы фӕндиаг, дӕхимӕ хуыздӕр куыд кӕсы, дӕ цӕстытӕн ӕхсызгон цы у, уый кӕн, фӕлӕ зон: дӕ хъуыддӕгтӕн дын Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау тӕрхон кӕндзӕн алы хъуыддагӕн, уыимӕ — сусӕг хъуыддӕгтӕн, хорзӕй, ӕвзӕрӕй.


Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.


Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.


Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.


уӕд ӕрфидар уыдзӕн паддзахдзинад, ӕмӕ паддзахы бадӕныл, Давиды цатыры, ӕрбаддзӕни рӕстаг тӕрхонгӕнӕг, рӕстдзинадыл хӕцӕг.


Ӕмризӕджы ризут, ӕнӕмӕттӕ! Тӕрсут, ӕнӕмӕттӕ! Уӕ дарӕстӕ раласут ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнут.


«Уӕ хъаст ӕрбахӕссут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Бӕлвырдгӕнӕнтӕ равдисут», — зӕгъы Йаковы Паддзах. —


Агурут Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ ссардзыстут, кувут Ӕм, уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрӕввахс ис!


Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз уарзын рӕстдзинад, ӕнӕуынон Мын сты тыхгӕнджытӕ, стигъджытӕ. Мӕ адӕмыл уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзынӕн. Семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Раст хъуыддӕгтӕ кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухӕй фервӕзын кӕнут. Ма хъыгдарут ӕмӕ ма ’фхӕрут ӕндӕрбӕстаджы, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы, ӕнаххосты туг ма калут ацы ран.


— Ау, Мӕ ныхас арты, къӕдзӕхсӕттӕг дзӕбуджы хуызӕн нӕу? — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕздӕттӕ ӕппӕт уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд кӕрӕдзимӕ бакастысты ӕмӕ Барухӕн загътой: «Мах хъуамӕ ацы ныхӕстӕ иууылдӕр паддзахӕн фехъусын кӕнӕм».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕгъгъӕд уын уӕд, Израилы адӕмы фӕтӕгтӕ! Мауал тых кӕнут, мауал ссӕндут, раст тӕрхон хӕссут! Мӕ адӕмы Мын мауал сурут сӕ зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.


ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Рӕстдзинад таут ӕмӕ уӕхицӕн хорзӕх ӕркӕрдат. Ӕгайнӕг зӕхх афӕлдахут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ӕрцагурынӕн афон у, цӕмӕй, куы ’рцӕуа, уӕд уыл рӕстады къӕвда ӕруадза.


Ӕнӕпайда ныхӕстӕ кӕнынц; мӕнг сомытӕ кӕнгӕйӕ, сфидар кӕнынц сӕ бадзырдтӕ. Фӕлӕ, гутонвӕды маргджын хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрзайы, уыйау талатӕ суадздзӕни сӕ раст тӕрхон.


Нӕ паддзахы бӕрӕгбоны ӕлдӕрттӕ уый бӕрц сӕн бануӕзтой, ӕмӕ рынчынты хуызӕн систы, паддзах та уыцы цъаммартӕм йӕ къух бадардта.


Раст тӕрхон цӕугӕдонау кӕлӕд, гуылфӕнтӕ кӕнӕд рӕстдзинад!


Бӕхтӕ къӕдзӕхтыл фезгъорынц? Галтӕй йӕ бахуым кӕнӕн ис? Сымах та раст тӕрхон фестын кодтат марг, рӕстдзинады дыргъ — скъӕлдзо!


Куы фехъуыстон ӕз ацы уац — мӕ зӕрдӕ барызти. Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ, рыст ме стджыты дӕр ахызти. Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх, фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ не знӕгты фыдбылызмӕ.


Дунедарӕг пехуымпар Аггейӕн загъта: — Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы адӕм дзурынц, Дунедарӕджы хӕдзар аразынӕн афон нӕма у, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ йын хуынд адӕм йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ дзы чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та — сӕудӕджеры куыст кӕнынмӕ.


Ӕмӕ куы ’рцӕуа, уӕд раргом кӕндзӕни дунейы азым — тӕригъӕд, рӕстад ӕмӕ тӕрхон цы сты, уый раст кӕй не ’мбары.


Ӕмӕ Йесо махӕн бафӕдзӕхста адӕммӕ Фарны Уац фӕхӕссын, Уый удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын.


Павел Хуыцауы Дзырд Верийы дӕр кӕй хъусын кӕны, уый фессалоникаг иудейӕгтӕ куы базыдтой, уӕд ӕрбацыдысты уырдӕм дӕр, райдыдтой адӕмы ардауын ӕмӕ сӕ знӕт кӕнын.


Павел ацы хатт дӕр раздӕрау бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта Сыгъдӕг Фысты тыххӕй;


Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ райдыдтой худын, иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый тыххӕй дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм».


Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»


Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр.


Уыимӕ ма Феликс йӕ зӕрдӕ дардта, Павел ын ӕхца кӕй ратдзӕнис, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй арӕх ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ ныхас кодта йемӕ.


Агриппӕ загъта Павелӕн: «Ӕгӕр тагъд мӕ нӕ чырыстон кӕныс?»


Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Бардарӕг, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Бардарӕг ын загъта:] «Сыст ӕмӕ ацу сахармӕ, уым дын загъдӕуыдзӕн, цы гӕнгӕ дын у, уый».


Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.


Уӕдӕ махӕй алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй.


Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.


Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.


Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕгъы: «Хӕрзаудӕны афон дӕ фехъуыстон, фервӕзыны бон дын баххуыс кодтон». Ныртӕккӕ у хӕрзаудӕны афон, ныртӕккӕ у фервӕзыны бон.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕды ахӕсты кӕй ис. Уӕдӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуы уырнджытӕн.


сӕрныллӕгдзинад, хиуылхӕст. Ахӕмтӕм Ӕгъдау бар нӕ дары.


Хуыцауы раз, стӕй, Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Бардарӕг Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын:


Уый хъуамӕ уа уазӕгуарзон, хӕрзгӕнӕг, хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ,


Ӕмӕ, цы федтой, уый сӕ ахӕм тас бауагъта, ӕмӕ Моисей загъта: «Фыр тӕссӕй мыл ризӕг бахӕцыд».


Фӕлӕ цалынмӕ «абон» дзурӕн ис, уӕдмӕ ӕрвылбон ныфс дӕттут кӕрӕдзийӕн, цӕмӕй уӕ йӕ фӕдыл тӕригъӕд макӕй асайа ӕмӕ уӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа.


Уӕдӕ, Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуыны зӕрдӕвӕрд цалынмӕ йӕ тыхы ис, уӕдмӕ нӕм тас уӕд уыцы ӕнцойадӕй ӕнӕхай фӕуынӕй.


алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхоныл.


Адӕймагӕн иу хатт амӕлын, стӕй та тӕрхоны раз ӕрлӕууын куыд ӕмбӕлы,


Дӕу уырны, Хуыцау иунӕг Хуыцау кӕй у, уый. Хорз кӕныс. Уый дӕлимонты дӕр уырны ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц.


Зӕрдӕбынӕй кад кӕнут Чырыстийӕн — уӕ Бардарӕгӕн. Уӕ ныфсы бындурӕй уӕ чи фӕрса, уымӕн кӕддӕриддӕр цӕттӕ ут ӕвӕлмасӕй ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ дзуапп раттынмӕ.


зондджынӕй уӕлдай ут хиуылхӕцгӕ, хиуылхӕцонӕй уӕлдай — фӕразон, фӕразонӕй уӕлдай ӕнувыд ут Хуыцауыл.


Хуыцауы хъӕбултӕ ӕмӕ хӕйрӕджы цотӕй чи кӕцы у, уый афтӕмӕй базындӕуы: рӕстӕй чидӕриддӕр нӕ цӕры ӕмӕ йе ’фсымӕры чидӕриддӕр нӕ уарзы, уый Хуыцауӕй нӕу.


Мӕ хуртӕ, мачи уӕ асайӕд. Рӕстӕй чи цӕры, уый рӕстгӕнӕг у, Чырысти рӕстгӕнӕг куыд у, афтӕ.


Ӕрбайхъусут-ма, ӕз уын ныр Дунедарӕджы раз мӕ уайдзӕф зӕгъон — Дунедарӕг сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр цыдӕриддӕр хӕрзты бацыди, уыдон уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтын кӕнон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan