Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Феликс сӕдӕйыхицауӕн радта Павелы хъахъхъӕныны бардзырд, фӕлӕ, дам, ын хъуамӕ иу чысыл фезмӕлӕн дӕр уа, йӕ хӕлӕрттӕ йын куы лӕггад кӕной, уӕд сӕ куыд мачи хъыгдара, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:23
10 Iomraidhean Croise  

Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Вавилоны паддзах Навуходоносор хъахъхъӕнджыты хицау Невузарданӕн Йеремиайы тыххӕй бафӕдзӕхста:


Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн.


«Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ Ироды галуаны ахстӕй дарой.


Уыимӕ ма Феликс йӕ зӕрдӕ дардта, Павел ын ӕхца кӕй ратдзӕнис, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй арӕх ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ ныхас кодта йемӕ.


Фӕлӕ сын Фест дзуапп радта: «Павел Кесарийы ахӕстоны ис, стӕй рӕхджы мӕхӕдӕг дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн.


Дыккаг бон бахӕццӕ стӕм Сидонмӕ. Юлий хорз цӕстӕй ракаст Павелмӕ, радта йын йӕ хӕлӕрттӕм ацӕуыны фадат, цӕмӕй йыл баузӕлой.


Роммӕ куы ӕрцыдыстӕм, уӕд Павелӕн радтой йӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддонимӕ хицӕнӕй ӕрцӕрыны бар.


Ныфсджынӕй ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan