Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фӕлӕ дӕ разы ууыл сӕттын, ӕмӕ, уыдон мӕнгдин кӕй хонынц, уыцы ахуырадмӕ гӕсгӕ ӕз лӕггад кӕнын нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн; ӕууӕндын, Ӕгъдауы чиныджы ӕмӕ пехуымпартӕм цы фыст ис, ӕппӕт уыдӕттыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:14
44 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилы Хуыцау! Мыггагмӕ бахъахъхъӕн Дӕ адӕмӕн йӕ ацы зӕрдӕйы уаг, цӕмӕй Дыл ма сивой сӕ зӕрдӕ.


Ноджыдӕр ма загъта Хуыцау Моисейӕн: «Зӕгъ-иу израилӕгтӕн, кӕй дӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау. Гъе уый уын Мӕ ном мыггагмӕ — фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Мӕм цӕмӕй уыцы номӕй куват.


Самарийы тӕригъӕдӕй ард чи хӕры, уыдон дзурынц: «Дан, сомы кӕнын дӕ хуыцауӕй, ард хӕрын Беер-Шевӕмӕ фӕндагӕй». Уыдон иууылдӕр ӕрхаудзысты ӕмӕ нал сыстдзысты.


Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.


Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмӕн ӕргом чи дзура, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.


Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты ахуырад сырӕзтысты ацы дыууӕ фӕдзӕхсты бындурыл».


Уӕдӕ, адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Ацы ныхӕсты ис Моисейы Ӕгъдауы ӕмӕ пехуымпарты ахуырады мидис.


рагзаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд хъусын кодта, афтӕ.


Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны размӕ уыдысты. Ацы рӕстӕджы та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕй уырдӕм бахауыныл архайы.


Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Ис сын Моисей ӕмӕ пехуымпартӕ, уыдонмӕ хъусӕнт“.


Ӕмӕ сын, Моисей ӕмӕ ӕппӕт пехуымпартӕй райдайгӕйӕ, бамбарын кодта, ӕппӕт Фыстыты Йӕхи тыххӕй цы загъд ис, уыдӕттӕ.


Уый фӕстӕ сын загъта: «Уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын Ӕз уымӕн дзырдтон, Моисейы Ӕгъдау, пехуымпарты чингуытӕ ӕмӕ псаломты Мӕн тыххӕй цы загъд ис, ӕппӕт уыдӕттӕ хъуамӕ сӕххӕст уой, зӕгъгӕ».


Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».


Ӕппӕт пехуымпартӕ Йесойӕн ӕвдисӕн сты, зӕгъгӕ, чидӕриддӕр Ыл баууӕнда, уымӕн Йӕ номы фӕрцы хатыр уыдзысты тӕригъӕдтӕ».


Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».


Фӕлӕ, Йесойыл чи баууӕндыд, уыцы фарисейтӕй чидӕртӕ сыстадысты ӕмӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, муртаттӕгтӕ хъуамӕ кӕной сунӕт ӕмӕ сын хъӕуы бафӕдзӕхсын Моисейы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнын.


Уыцы рӕстӕг стыр змӕст ӕрцыди Бардарӕджы Фӕндаджы ныхмӕ.


Фӕлӕ иуӕй-иутӕ хъӕддыхӕй ныхмӕ куы лӕууыдысты, куы не ’ууӕндыдысты ӕмӕ адӕмы раз ӕргом куы фаудтой Бардарӕджы фӕндаг, уӕд сӕ Павел ныууагъта, рахицӕн кодта ахуыргӕнинӕгты ӕмӕ ӕрвылбон семӕ ныхас кодта Тиранны скъолайы.


Ананиа мын загъта: „Нӕ фыдӕлты Хуыцау дӕ сӕвзӕрста, цӕмӕй Йын базонай Йӕ фӕндон, фенай Рӕстгӕнӕджы ӕмӕ Йын фехъусай Йӕ хъӕлӕс.


Феликс бӕстон зыдта Бардарӕджы фӕндаджы тыххӕй ӕмӕ хъуыддаг аргъӕвта фӕстӕдӕрмӕ: «Ӕфсӕддон хицау Лисий куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕркӕсдзынӕн уӕ хъуыддагмӕ».


Мах куыд базыдтам, афтӕмӕй ацы лӕг у емынӕйӕ фыддӕр, ӕппӕт дунейы иудейӕгты змӕнтӕг ӕмӕ назаретаг мӕнгдины фӕтӕг.


Павел йӕхи сраст кӕнынӕн загъта: «Ӕз иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодтон нӕдӕр иудейаг Ӕгъдауы ныхмӕ, нӕдӕр Кувӕндоны ныхмӕ, нӕдӕр кесӕры ныхмӕ».


Фӕлӕ абоны онг, Хуыцауы ӕххуысӕй, лӕууын ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ дзурын хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыдтӕн дӕр. Дзургӕ та кӕнын, пехуымпартӕ ӕмӕ Моисей рагагъоммӕ цы загътой, ӕрмӕстдӕр уый.


Паддзах Агриппӕ, пехуымпартыл ӕууӕндыс ӕви нӕ? Кӕй сыл ӕууӕндыс, уый ӕз зонын».


Ме ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ ӕз куыд цӕрын, уый иудейӕгтӕ иууылдӕр зонынц. Тӕккӕ райдианӕй ӕз цардтӕн мӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ Йерусалимы.


Ӕмӕ абон тӕрхоны раз лӕууын, Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕй мӕ ныфс кӕй ис, уый тыххӕй.


Фӕлӕ мах фӕнды, куыд хъуыды кӕныс, уый дӕхицӕй фехъусын. Уымӕн ӕмӕ, алы ран дӕр уыцы ахуырады ныхмӕ кӕй дзурынц, уый нын зындгонд у».


Иудейӕгтӕ баныхас кодтой Павелимӕ, цы бон фембӕлдзысты, уый тыххӕй; ӕмӕ кӕм ӕрбынатон, уырдӕм ӕрцыдысты ноджы фылдӕрӕй. Павел сын райсомӕй изӕрмӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, Моисейы Ӕгъдауӕй ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй сын хаста ӕвдисӕйнӕгтӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ афтӕмӕй архайдта баууӕндын сӕ кӕныныл.


Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, скадджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы, сымах марынмӕ Кӕй радтат ӕмӕ, Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд йӕ разы уӕхи Кӕуыл атигъ кодтат, Уыцы Йесо Чырыстийы.


Сымах хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат ӕмӕ амардтат, уыцы Йесойы нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта.


„Ӕз дӕн дӕ фыдӕлты Хуыцау, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Йаковы Хуыцау“. Моисей фыр тӕссӕй скӕсын дӕр нӕ уӕндыд.


ӕмӕ дзы Дамаскы синагогӕтӕм фыстӕджытӕ ракуырдта, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй, усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕрбакӕна Йерусалиммӕ.


Хуыцау мын ӕвдисӕн — Йӕ Фырты Фарны Уац Ын адӕммӕ фӕхӕссыныл архайын ӕппӕт зӕрдӕйӕ, — мӕ куывдтыты уӕ ӕрымысын ӕдзухдӕр


Фӕлӕ ма Ӕгъдауӕй уӕлдай ныр Хуыцау адӕмӕн раргом кодта, Ӕгъдау дӕр ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр ӕвдисӕн кӕмӕн сты, уыцы рӕстад.


Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе ’хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.


мӕнгхуыцӕуттӕн кувын, кӕлӕнтӕ, фыдӕх, хъаугъатӕ, мӕсты кӕнын, хи уӕлдӕр ӕвӕрын, кӕрӕдзийы не ’мбарын, къордтыл дихтӕ кӕнын,


Мӕ рагфыдӕлтау сыгъдӕг цӕсгомӕй Кӕмӕн кусын, уыцы Хуыцауӕй ӕз бузныг дӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй куы фӕкувын, уӕд ӕдзух дӕу кӕй ӕрымысын, уый тыххӕй.


Мӕнгахуырадыл чи лӕууы, уымӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты куы бамбарын кӕнай ӕмӕ дын дӕ ныхас куынӕ райса, уӕд дын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уӕд.


Уыдон архайдтой, хайджын Кӕмӕй уыдысты, Чырыстийы уыцы Уд сын рагагъоммӕ Чырыстийы хъизӕмӕртты ӕмӕ Йӕ фӕстӕдӕры кады тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын цы рӕстӕгмӕ ӕмӕ уавӕрмӕ амыдта, уый базоныныл.


Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan