13 Ӕмӕ сӕм ныр, цӕмӕй мӕ зылын кӕнынц, уый тыххӕй дӕм цы бавдисой, уый нӕй.
Бениамины кулдуары уылты куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм хъахъхъӕнджыты хицау, Хананиайы фырты фырт, Шелемийы фырт Ирийа фӕлӕбурдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕу фӕнды халдейӕгтӕм балидзын!»
Уӕд загътой: «Мах ацы Даниилмӕ уайдзӕфы аккагӕй ницы ссардзыстӕм, кӕд ма, йӕ Хуыцауы ӕгъдауыл ӕнувыд кӕй у, уый тыххӕй йӕ фӕзылынджын кӕнӕм, ӕндӕр».
Павел куы ӕрбацыд, уӕд Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг иудейӕгтӕ ӕрлӕууыдысты йӕ алыварс, азымджын ӕй кодтой бирӕ уӕззау фыдракӕндты, фӕлӕ сӕм бӕлвырд ӕвдисӕнӕй ницы уыд.
Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.