Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Фондз боны фӕстӕ ӕрцыд алчер Ананиа адӕмы хистӕртимӕ, стӕй тӕрхоны дӕсны Тертуллимӕ. Уыдон бӕстӕйы хицаумӕ Павелыл бахъаст кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 24:1
15 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ раст адӕймаг нал ис! Адӕмы ’хсӕн никӕуылуал ис ӕууӕнк.


ӕфсады хицӕутты, уӕздӕтты, уынаффӕгӕнджыты, дӕсныфӕрсджыты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты.


Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ.


Уыцы авд боны куы фӕуд кодтой, уӕд асиаг иудейӕгтӕ Павелы федтой Кувӕндоны, сардыдтой йыл ӕппӕт адӕмы ӕмӕ йӕ ӕрцахстой.


Уӕд алчер Ананиа, Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ былтӕ цӕвой.


Ӕрцӕттӕ кӕнут бӕхтӕ, ӕфсӕддонтӕ Павелы сӕрӕгасӕй бӕстӕйы хицау Феликсмӕ куыд бахӕццӕ кӕной, афтӕ».


Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд кӕй скодтой, уый мын куы загътой, уӕд ӕй ӕвӕстиатӕй арвыстон дӕумӕ. Йӕ зылынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхстон сӕ хъаст дӕумӕ бахӕссын».


Барджытӕ Кесаримӕ куы ӕрцыдысты, уӕд бӕстӕйы хицаумӕ радтой фыстӕг ӕмӕ йын Павелы йӕ бар ныууагътой.


«Дӕ зылынгӕнджытӕ дӕр куы ӕрцӕуой, уӕд дын ӕркӕсдзынӕн дӕ хъуыддагмӕ». Ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ Ироды галуаны ахстӕй дарой.


Дӕ бон базонын у: ӕз Йерусалиммӕ бакувынмӕ куы ӕрцыдтӕн, ууыл дыууадӕс бонӕй фылдӕр нӕма рацыди.


Павелы куы бакодтой, уӕд ӕй Тертулл зылын кӕнын райдыдта:


Ӕз Йерусалимы куы уыдтӕн, уӕд ыл алчертӕ ӕмӕ иудейӕгты хистӕртӕ бахъаст кодтой. Уыдон мӕнӕй домдтой, цӕмӕй йын ӕз тӕрхон рахӕссон.


Йерусалимы йӕм Павелыл хъаст бахастой алчертӕ ӕмӕ иудейаг хицӕуттӕ.


Ӕфсымӕртӕ, куы уӕм ӕрцыдтӕн Хуыцауы сусӕгдзинад хъусын кӕнынмӕ, уӕд рӕсугъд ныхӕстӕ кӕнын ӕмӕ уӕ цӕсты мӕхи зондджынӕй равдисыныл нӕ архайдтон.


Ӕмӕ Фарны Уац хъусын кодтон, адӕймаджы уӕлзондӕй чи райгуыры, ахӕм уырнинаг ныхӕсты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды хъаруимӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan