Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Стыр хъӕлӕба систой. Фарисейты динамонджытӕй цалдӕр сыстади ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ мон кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:9
23 Iomraidhean Croise  

Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Уӕд уӕздӕттӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕм загътой сауджынтӕ ӕмӕ пехуымпартӕн: «Ацы лӕг маринаг нӕу, уымӕн ӕмӕ немӕ дзырдта Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, номӕй».


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойы тӕригъӕдджынтӕ ӕмӕ хъалонисджытимӕ иу фынгыл бадгӕ куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загътой: «Уый хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ куыд хӕры?»


Пилат сын ӕртыккаг хатт загъта: «Уагӕры ӕвзӕрӕй цы ракодта? Мӕлӕты аккаг цы у, ахӕмӕй Йӕм ӕз ницы ссардтон. Ехсӕй Йӕ фӕнӕмын кӕндзынӕн ӕмӕ Йӕ рауадздзынӕн».


Пилат хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы азым арын».


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут?»


Уым цы адӕм лӕууыд, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд иутӕ загътой: «Уый арвы нӕрын у». Иннӕтӕ дзырдтой: «Зӕд ныхас кодта Йемӕ».


Мах Бардарӕг Йесо Чырыстийыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нын Хуыцау кӕй радта, кӕд муртаттӕгтӕн дӕр ахӕм лӕвар ракодта, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууон?»


Фӕндагыл ма куы уыдтӕн ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс дӕн, уӕд мыл ӕмбисбонмӕ хӕстӕг ӕваст ӕртыхст тӕмӕнкалгӕ рухс уӕларвӕй.


Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?“


Ӕмӕ базыдтон: азымджын ӕй кӕнынц, се ’Гъдаумӕ чи хауы, ахӕм быцӕйуаг фӕрстыты, фӕлӕ мӕлӕты кӕнӕ ахӕстоны аккаг цы уа, ахӕм азым ӕм нӕ арынц.


(Саддукейтӕ дзурынц, мӕрдтӕ, дам, нӕ райгас уыдзысты, нӕй, дам, зӕдтӕ ӕмӕ удтӕ. Фарисейтӕ та ӕппӕт уыдӕттыл ӕууӕндынц.)


Фӕлӕ ӕз куыд сбӕрӕг кодтон, афтӕмӕй, амарӕн ӕй цӕй тыххӕй ис, ахӕмӕй ницы сарӕзта. Ӕрмӕст йӕхӕдӕг кесӕры тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сфӕнд кодтон уымӕ арвитын.


Фӕхибар сты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, ацы адӕймаг, амарын кӕнӕ йӕ ахӕстоны дарын цӕй тыххӕй ӕмбӕлы, ахӕмӕй ницы ракодта, зӕгъгӕ.


Ӕз Кӕй дӕн ӕмӕ Кӕмӕн лӕггад кӕнын, Уыцы Хуыцауы зӕд мӕм фӕзынди дысон


Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ суат».


Савл ӕрхауди зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?»


Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?


Уый сын загъта: «Абон Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрст — ӕвдисӕнтӕ, кӕй ницы мӕм ссардтат азымӕй, уый тыххӕй». Дзуапп ын радтой: «Ӕвдисӕнтӕ».


Давид йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Саул загъта: «Давид, мӕ хъӕбул, уый дӕ хъӕлӕс хъусын?» Ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan