Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:6
17 Iomraidhean Croise  

Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Уыцы бон Йесомӕ ӕрбацыдысты саддукейтӕ, — уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ, — ӕмӕ Йӕ бафарстой:


Фарисейтӕ ӕмӕ йӕм саддукейтӕй саргъауынмӕ бирӕтӕ кӕй цӕуынц, Иоанн уый куы федта, уӕд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын загъта, ӕмӕ сымах сомбоны азарӕй аирвӕздзыстут?


«Ӕз дӕн иудейаг, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиелы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уе ’ппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн.


Иудейӕгтӕ йӕ цӕмӕй зылын кӕнынц, уый бӕлвырдӕй базоныны тыххӕй ӕфсӕддон хицау дыккаг бон Павелы суӕгъд кодта йӕ рӕхыстӕй, радта алчерты ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд кӕныны бардзырд ӕмӕ сӕм ӕй ракодта.


Уымӕн ӕвдисӕн сты алчер ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр. Ӕз уыдонӕй райстон фыстӕджытӕ не ’фсымӕртӕм, дамаскаг иудейӕгтӕм, ӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй уым дӕр ӕрцахсон уырнджыты ӕмӕ сӕ бафхӕрынмӕ ӕркӕнон Йерусалиммӕ.


Павел синедрионыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у».


Уӕдӕ ныр сымах ӕмӕ синедрион фехъусын кӕнут ӕфсӕддон хицауӕн, цӕмӕй Павелы райсом сымахмӕ ӕркӕнын кӕна, цыма йын йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсынмӕ хъавут, афтӕ. Мах та цӕттӕ стӕм, цалынмӕ сымахмӕ не ’рбахӕццӕ уа, уӕдмӕ йӕ амарынмӕ».


Лӕппу дзуапп радта: «Иудейӕгтӕ баныхас кодтой дӕумӕ ӕрхатын, цӕмӕй райсом Павелы ӕркӕнай синедрионмӕ, цыма сӕ йӕ хъуыддагмӕ бӕлвырддӕр ӕркӕсын фӕнды, афтӕ.


Павел афтӕ куы загъта, уӕд фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕ фӕбыцӕу сты, ӕмӕ ӕмбырд дыууӕ дихы фӕцис.


Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр.


Ӕрмӕст иу фыдракӕнд сарӕзтон — сӕ разы лӕугӕйӕ, ӕз хъӕлӕсыдзагӕй загътон: „Абон мын сымах тӕрхон кӕнут, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй“».


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй ӕрбахуыдтон сымах — фенон уӕ ӕмӕ аныхас кӕнон уемӕ, уымӕн ӕмӕ ацы рӕхыстӕй Израилы зӕрдӕдарӕны сӕраппонд баст дӕн».


Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Бениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ — фарисей,


Уӕ уырнындзинад ӕмӕ уарзты бындур — уӕлӕрвты уӕм цы зӕрдӕдарӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый. Сымах ын йӕ кой фехъуыстат ӕцӕгады ныхасы — Фарны Уацы.


Уый махӕн науӕнгуырау у ӕдас ӕмӕ фидар ӕмӕ кӕны Рухсмонуаты рӕбинаг хаймӕ — фӕсӕмбӕрзӕнмӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan