5 Павел дзуапп радта: «Ӕфсымӕртӕ, алчер кӕй у, уый нӕ зыдтон. Уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Дӕ адӕмы фӕтӕджы фыдгой ма кӕ“».
Хуыцауы ма фау, дӕ фӕтӕджы фыдгой ма кӕн.
Дӕхинымӕр дӕр паддзахы фыдгой ма ракӕн, дӕ хуыссӕнуаты дӕр ма рафау хъӕздыг лӕджы — уӕларвон мӕргътӕ дын дӕ хъуыдытӕ аскъӕфдзысты, дӕ ныхӕстӕй иунӕг дӕр нӕ басусӕг уыдзӕн.
Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдон ын загътой: «Хуыцауы алчеры ӕфхӕрыс?»
Ӕз Йерусалиммӕ ӕрыздӕхтӕн бирӕ азты фӕстӕ, цӕмӕй баххуыс кӕнон мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхӕссон.
уӕлдайдӕр та, чъизи монцты фӕдыл чи цӕуы, Хуыцауы бартӕ чи ницӕмӕ дары, уыдонӕн. Сӕрхызт ӕмӕ ӕнаккаг, ахӕм адӕм, уӕларвон тыхтыл цъыфкалӕн кӕнгӕйӕ, уыдонӕн сӕ азарӕй дӕр нӕ тӕрсынц.