22 Ӕфсӕддон хицау лӕппуйӕн бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн цы загътай, уый макӕмӕн радзур». Ӕмӕ йӕ ауагъта.
Уыцы дыууадӕсы Йесо арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ма бацӕут нӕдӕр муртаттӕгтӕм, нӕдӕр искӕцы самариаг сахармӕ,
«Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ Моисейы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ нывонд ӕрхӕсс де ссыгъдӕджы тыххӕй, цӕмӕй йӕ иууылдӕр феной».
Уӕд ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауимӕ ӕмӕ иудейӕгтӕй ӕрвыст хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ сбастой.
Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бабадтысты. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у».
Ӕфсӕддон хицау фӕсидти сӕдӕйыхицӕуттӕй дыууӕмӕ ӕмӕ сын загъта: «Срӕвдз кӕнут дыууӕсӕдӕ ӕфсӕддоны, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз барӕджы ӕмӕ дыууӕсӕдӕ арцхӕссӕджы. Ӕхсӕвы ӕртӕ сахатыл хъуамӕ араст уой Кесаримӕ.
Сгарджытӕ йын загътой: «Хуыцауы фыдӕх нӕ баййафӕд, искӕй сӕрӕй уӕ ӕрду дӕр куы ӕрхауа, уӕд. Ӕрмӕст ам кӕй стӕм, уый ма схъӕр кӕнут. Дунедарӕг нын ацы зӕхх куы ратта, уӕд нӕ дзырд нӕ фӕсайдзыстӕм, хорзы дын бацӕудзыстӕм».