Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Фӕлӕ ды ма бакӕс сӕ коммӕ, уымӕн ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймагӕй фылдӕр йӕ размӕ бабадтысты. Ард бахордтой, цалынмӕ йӕ амарой, уӕдмӕ хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр кӕй нӕ бакӕндзысты. Ныридӕгӕн цӕттӕ сты, сӕ каст ма дӕ бардзырдмӕ у».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:21
11 Iomraidhean Croise  

Адӕмӕн сӕ фылдӕр галиу хъуыддаджы фарс сты, зӕгъгӕ, уӕд ды уыдоны ма фӕзм ӕмӕ тӕрхоны мидӕг рӕстдзинады сӕрты ма хиз фылдӕры зӕрдӕ балхӕнынӕн.


къахтой Йӕ, цӕмӕй йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной.


Сӕрныллӕгӕй ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куыстон Бардарӕгӕн, иудейӕгты фыдвӕндты аххосӕй тухӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ.


Ӕфсӕддон хицау лӕппуйӕн бафӕдзӕхста: «Мӕнӕн цы загътай, уый макӕмӕн радзур». Ӕмӕ йӕ ауагъта.


Хатыдысты йӕм, цӕмӕй сын ахӕм хорзӕх ракӕна, ӕмӕ Павелы арвита Йерусалиммӕ, сӕхӕдӕг та баныхас кодтой фӕндагыл Павелы амарыныл.


Фӕлтау ӕлгъыст куы баййафин ӕмӕ, мӕ туг, ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ куы фӕхицӕн уаин.


Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме ’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй…


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan