Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уӕд алчер Ананиа, Павелы фарсмӕ чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ былтӕ цӕвой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:2
9 Iomraidhean Croise  

Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы уӕлхъус балӕууыд, йе ’хсӕрфарс ын ныццавта ӕмӕ йыл фӕхъӕр ласта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕу уылты райдыдта дзурын?»


Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы цурмӕ бацыди, йе ’хсӕрфарс ын ныдздзӕхст ласта ӕмӕ загъта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕ дзыхӕй дзурын райдыдта?»


Сӕ дзыхтӕ мӕм ныххӕлиу кодтой, мӕстӕй мӕ марынц, мӕ рустӕ мын цӕвынц.


Пашхур Йеремиайы фӕнадта ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты, Бениамины кулдуары цур, хъадаманты сбадын кодта.


Ныр дӕхи хӕстмӕ ӕрцӕттӕ кӕн, ӕфсады чызг! Нӕ алыварс ӕрхъула кодтой знӕгтӕ, Израилы хицауиуӕг чи кӕны, уымӕн йӕ рустӕ лӕдзӕгӕй цӕвдзысты.


Ӕмӕ Йын иутӕ Йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын райдыдтой, иннӕтӕ Йын цавтой Йӕ рустӕ


Йесо афтӕ куы загъта, уӕд Ын хъахъхъӕнджытӕй иу — хӕстӕг Ӕм чи лӕууыди, уый — Йӕ цӕсгом ныццавта ӕмӕ загъта: «Алчерӕн ахӕм дзуапп дӕттыс?»


Йесо йын дзуапп радта: «Кӕд исты фӕрӕдыдтӕн, уӕд ӕй зӕгъ. Кӕд раст загътон, уӕд та Мӕ цӕмӕн цӕвыс?»


Фондз боны фӕстӕ ӕрцыд алчер Ананиа адӕмы хистӕртимӕ, стӕй тӕрхоны дӕсны Тертуллимӕ. Уыдон бӕстӕйы хицаумӕ Павелыл бахъаст кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan