Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 23:10
16 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн, ӕмӕ мӕ бахиз, мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ фервӕзын кӕн!


Мӕ адӕмы фыдтӕ Мын хӕрут, сӕ царм сын стигъут, се стджытӕ сын ныммур кӕнут; дзидза аджы сфыцынӕн, цӕджджинаджы ныккалынӕн куыд скӕрдынц, уыйау сӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнут.


Фидармӕ бацӕуӕны цур Павел ӕфсӕддон хицауӕн загъта: «Иу цыдӕр зӕгъыны бар мын дӕттыс?» Уый дзуапп радта: «Ды бердзенаг ӕвзаг зоныс?


Уӕд ӕфсӕддон хицау бардзырд радта, цӕмӕй Павелы фидармӕ бакӕной ӕмӕ йӕ ехсӕй фӕнӕмой: уый фӕндыд базонын, адӕм ӕй хъӕры бын цӕмӕн фӕкодтой, уый.


Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн.


Ацы адӕймаджы ӕрцахстой иудейӕгтӕ ӕмӕ йӕ хъавыдысты амарынмӕ. Фӕлӕ ӕз ӕрцыдтӕн ӕфсӕддонтимӕ ӕмӕ, ромаг гражданин у, уый куы базыдтон, уӕд ӕй байстон.


Цӕмӕй йӕ азымджын кӕнынц, уый базоныны тыххӕй йӕ ӕркодтон сӕ синедрионмӕ.


Дыккаг бон барджытӕн бабар кодтой, цӕмӕй Павелимӕ дарддӕр цӕуой, сӕхӕдӕг та ӕрбаздӕхтысты фидармӕ.


фӕлӕ ӕрцыд ӕфсӕддон хицау Лисий, лӕгдыхӕй нын ӕй байста нӕ къухтӕй,


Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме ’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй…


Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.


Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕ хӕлӕг ӕмӕ хи уарзынӕй ӕмыдзаг у, уӕд ма ӕппӕлут уӕхицӕй ӕмӕ ӕцӕгад ма ӕмбӕхсут уӕ гӕды ныхӕсты аууон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan