9 Ме ’мбӕлццӕттӕ федтой рухс [ӕмӕ сӕ тас бацыди], фӕлӕ мемӕ Дзурӕджы хъӕлӕс нӕ фехъуыстой.
Ацы диссаг федтон ӕрмӕстдӕр ӕз, Даниил, мӕ алыварс цы адӕм уыди, уыдонӕй йӕ ничи федта, фӕлӕ сыл фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд, алырдӕмты фӕлыгъдысты ӕмӕ бамбӕхстысты.
Ӕмбисбон фӕндагыл, паддзах, ӕз федтон, хуры рухсӕй ирддӕр чи уыди, мӕныл ӕмӕ ме ’мбӕлццӕттыл чи ӕртыхст, ахӕм рухс уӕларвӕй.
Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй: хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой.