Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 22:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фӕндагыл ма куы уыдтӕн ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс дӕн, уӕд мыл ӕмбисбонмӕ хӕстӕг ӕваст ӕртыхст тӕмӕнкалгӕ рухс уӕларвӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 22:6
11 Iomraidhean Croise  

Уым йӕ адӕмимӕ знагыл ӕхсӕвыгон ӕртыхст ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодта, фӕсырдта сӕ Дамаскы цӕгатварс Ховайы онг.


Фӕлӕ Аврам загъта: «О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Цы кӕнын уыцы хӕрзиуӕгӕй, кӕд ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзынӕн ӕмӕ мӕ бынтӕ дамаскаг Елиезерӕн баззайдзысты, уӕд?»


Давид йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.


Мӕй ныссырх уыдзӕн ӕмӕ хур къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл, Йерусалимы, ӕмӕ Йӕ кад адӕмы хистӕртӕн раргом кӕндзӕн.


Сӕ разы Йӕ хуыз аивта — Йӕ цӕсгом сӕрттывта хурау, Йӕ дарӕс та рухсау урс-урсид фестади.


Ӕз ӕрхаудтӕн зӕххыл ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?“


Стыр хъӕлӕба систой. Фарисейты динамонджытӕй цалдӕр сыстади ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ мон кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»


Се ’ппӕты фӕстӕ, ӕфтыддагмӕ фӕзынӕгау, фӕзынди мӕнмӕ дӕр.


Йӕ рахиз къухы — авд стъалыйы, Йӕ дзыхӕй ӕддӕмӕ зынди цыргъ дыкомыг цирхъ, Йӕ цӕсгом уыди ӕмбисбоны тӕмӕнкалгӕ хуры хуызӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan