Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 22:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уымӕн ӕвдисӕн сты алчер ӕмӕ израилаг адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр. Ӕз уыдонӕй райстон фыстӕджытӕ не ’фсымӕртӕм, дамаскаг иудейӕгтӕм, ӕмӕ ацыдтӕн, цӕмӕй уым дӕр ӕрцахсон уырнджыты ӕмӕ сӕ бафхӕрынмӕ ӕркӕнон Йерусалиммӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 22:5
21 Iomraidhean Croise  

Куы сбон ис, уӕд ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртӕ, хистӕр сауджынтӕ, динамонджытӕ ӕмӕ Йӕ сӕ синедрионмӕ бакодтой.


Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз


Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Ацы уац ирвӕзындзинадыл дзуры ӕмӕ махӕн ӕрвыст у.


Ме ’фсымӕртӕ, мӕ ныфс хӕссын сымахӕн нӕ рагфыдӕл Давиды тыххӕй зӕгъынмӕ: уый амард, ӕрцыди ныгӕд ӕмӕ йӕ зӕппадз абон дӕр бӕлвырд у.


«Ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕртӕ, байхъусут, мӕхи сраст кӕныны тыххӕй уын цы зӕгъинаг дӕн, уымӕ».


Павел синедрионыл йӕ цӕст ахаста ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у».


Сӕ иутӕ саддукейтӕ, иннӕтӕ та фарисейтӕ кӕй сты, Павел уый куы базыдта, уӕд синедрионӕн хъӕлӕсыдзагӕй загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, ӕз фарисей дӕн, фарисейы фырт. Ӕмӕ мын тӕрхон кӕнынц, мӕрдты райгасыл мӕ зӕрдӕ кӕй дарын, уый тыххӕй».


Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ кодтон Йерусалимы. Алчертӕй бар райстон, афтӕмӕй бирӕ сыгъдӕджыты бакодтон ахӕстӕтты; мӕлӕты тӕрхон сын-иу куы хастой, уӕд хъӕлӕс кодтон сӕ амарыныл.


Бирӕ хӕттыты сӕ ӕфхӕрдтон ӕппӕт синагогӕты, цӕмӕй сӕхи атигъ кӕной Йесойыл; агъуыдау сӕ фӕдыл зылдтӕн суанг ӕцӕгӕлон сахарты дӕр.


Уыцы нысанимӕ ӕз алчертӕй райстон бар ӕмӕ сын сӕ фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнынмӕ араст дӕн Дамаскмӕ.


Ӕртӕ боны фӕстӕ Павел ӕрхуыдта дзырддзӕугӕ иудейӕгты. Куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын загъта: «Ӕфсымӕртӕ, нӕ адӕмы ныхмӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты ныхмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон, фӕлӕ мӕ Йерусалимы ӕрцахстой ӕмӕ мӕ радтой ромӕгты къухмӕ.


Уыдон ын загътой: «Мах дӕу тыххӕй Иудейӕ фыстӕджытӕ дӕр нӕ райстам, ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕй дӕр нын дӕу тыххӕй ӕвзӕрӕй ничи ницы фехъусын кодта ӕмӕ загъта.


Ӕниу, ме ’фсымӕртӕ, ӕз зонын, уӕ хицӕуттау сымах дӕр Йесойӕн афтӕ уымӕн бакодтат, ӕмӕ, цы ми кӕнут, уый не ’мбӕрстат.


Дыккаг бон Йерусалимы ӕрӕмбырд сты иудейаг хицӕуттӕ, хистӕртӕ, динамонджытӕ,


Уыдон ӕм байхъуыстой, сӕумӕйӕ бацыдысты Кувӕндонмӕ ӕмӕ ахуыр кодтой адӕмы. Алчер йе ’мбӕлццӕттимӕ куы ӕрбацыд, уӕд ӕрӕмбырд кодтой синедрион, ома Израилы адӕмы ӕппӕт хистӕрты, ӕмӕ арвыстой ахӕстонмӕ — апостолты ӕрбакӕнынмӕ.


Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй, Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса».


Ӕз иудейаг диныл хӕст куы уыдтӕн, уӕд цы уагӕй цардтӕн, Хуыцауы Аргъуан ӕфхӕрыныл куыд нӕ ауӕрстон ӕмӕ йӕ куыд дӕрӕн кодтон, уый тыххӕй сымах фехъуыстат.


диныл фырӕнувыдӕй — Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — ӕнӕфау рӕстгӕнӕг.


Аргъуаны хистӕртӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд дын пехуымпар ныхасмӕ гӕсгӕ Хуыцау цы курдиат радта, уымӕ уазал цӕстӕй ма кӕс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan