Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 22:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Фӕлӕ йӕ нӕмыны тыххӕй куы сбастой, уӕд Павел йӕ фарсмӕ лӕууӕг сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ау, сымахӕн ромаг гражданины ехсӕй нӕмыны бар ис, уыимӕ ӕнӕ тӕрхонӕй?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 22:25
13 Iomraidhean Croise  

Уӕхи хъахъхъӕнут адӕмӕй: уыдон уӕ тӕрхондӕттӕм дӕтдзысты, сӕ синагогӕты уӕ ехсӕй нӕмдзысты.


Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».


Сӕдӕйыхицау Ын афтӕ: «Хицау, ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахизай. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн.


Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном — Корнелий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау.


Фӕлӕ Павел загъта: «Мах, ромаг граждӕнты, ӕнӕ тӕрхонӕй куы надтой ӕппӕт адӕмы раз ӕмӕ нӕ ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд нӕ ныр сусӕгӕй уадзынц? Уымӕн уӕвӕн нӕй. Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ нӕ сӕхӕдӕг ракӕнӕнт ардыгӕй».


Сӕдӕйыхицау уый куы фехъуыста, уӕд бацыди ӕфсӕддон хицаумӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый цы кусыс? Ацы адӕймаг ромаг гражданин у».


Уӕд Павел фӕдзырдта сӕдӕйыхицӕуттӕй иумӕ ӕмӕ йын загъта: «Ацы лӕппуйы ахон ӕфсӕддон хицаумӕ, цыдӕр зӕгъынмӕ йын хъавы».


Ацы адӕймаджы ӕрцахстой иудейӕгтӕ ӕмӕ йӕ хъавыдысты амарынмӕ. Фӕлӕ ӕз ӕрцыдтӕн ӕфсӕддонтимӕ ӕмӕ, ромаг гражданин у, уый куы базыдтон, уӕд ӕй байстон.


Ӕз сын дзуапп радтон, зӕгъгӕ, зылынгонд чи цӕуы, уыцы адӕймаг цалынмӕ йӕ зылынгӕнджытимӕ лӕгӕй-лӕгмӕ фембӕла ӕмӕ йын йӕхи сраст кӕныны фадат уа, уӕдмӕ ромаг ӕгъдау никӕй дӕтты бафхӕрынмӕ.


Италимӕ кӕй хъуамӕ ацӕуӕм, уыцы уынаффӕ куы рахастӕуыд, уӕд Павелы ӕмӕ ма ӕндӕр ахӕстыты радтой сӕдӕйыхицау Юлийы къухмӕ; уый уыди кесӕры ӕфсӕддон хайӕ.


Дыккаг бон бахӕццӕ стӕм Сидонмӕ. Юлий хорз цӕстӕй ракаст Павелмӕ, радта йын йӕ хӕлӕрттӕм ацӕуыны фадат, цӕмӕй йыл баузӕлой.


Фӕлӕ сӕдӕйыхицауы фӕндыди Павелы фервӕзын кӕнын, ӕмӕ сӕ нӕ бауагъта. Бардзырд радта, цӕмӕй, ленк кӕнын чи зыдта, уыдон ӕппӕты разӕй ныггӕпп кӕной денджызмӕ ӕмӕ былмӕ рахизой;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan