9 Филиппӕн уыди, пехуымпариуӕг чи кодта, ахӕм цыппар ӕнӕцыд чызджы.
Алчер Хилкиа, Ахикам, Ахбор, Шафан ӕмӕ Асайа ацыдысты сылгоймаг-пехуымпар, Йерусалимы ног хайы цӕрӕг Хулдамӕ. Йӕ мой, Хархасы байзӕддаг Тиквайы фырт Шаллум, уыди уӕлӕдарӕсы агъуысты уагдар. Ӕмӕ паддзахы минӕвӕрттӕ фарстой Хулдайы.
Фӕтӕрсын кӕнынмӕ мӕ чи хъавыди, уыцы Тобиа ӕмӕ Санбаллат, сылгоймаг-пехуымпар Ноадиа ӕмӕ иннӕ пехуымпартӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, мӕ Хуыцау!
Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр.
Адӕймаджы фырт! Израилы сылгоймӕгтӕм, хивӕндӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонмӕ де ’ргом фездах ӕмӕ сӕ ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын:
Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ Ӕз алкӕй дӕр схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй, пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ хистӕртӕ уындзысты Мӕ лӕвӕрд фынтӕ, ӕмӕ уӕ лӕппутӕ та — цӕстылуайӕнтӕ.
Уыди ма уым пехуымпар Аннӕ дӕр, Фануилы чызг, Асиры хӕдзарвӕндагӕй, хӕрз зӕронд сылгоймаг. Йӕ лӕгимӕ авд азы йеддӕмӕ нӕ ацард,
Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.
„Ӕмӕ рӕстӕджыты кӕрон, — зӕгъы Хуыцау, — Ӕз ӕппӕт адӕмы схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Пехуымпариуӕг кӕндзысты уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ; уӕ лӕппутӕ уындзысты цӕстылуайӕнтӕ; уӕ хистӕртӕ та — Мӕ лӕвӕрд фынтӕ.
Уӕдӕ афтӕ: йӕ чызджы моймӕ чи дӕтты, уый раст кӕны; чи йӕ нӕ дӕтты, уый та ноджы растдӕр кӕны.
Фӕлӕ дӕ уӕддӕр азымджыныл нымайын: йӕхи пехуымпар чи хоны, уыцы сылгоймаг Иезавелӕн дӕттыс йӕ ахуырадӕй Мӕ цагъарты фӕливыны фадат — ардауы сӕ хӕтыныл ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыныл.
Уыцы заман израилӕгты фӕтӕг уыди Деворӕ, сылгоймаг-пехуымпар, Лаппидоты бинойнаг.