Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Фӕлӕ афон куы ӕрцыд, уӕд мах араст стӕм дарддӕр. Ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ нӕ фӕдыл фӕссахармӕ рацыдысты. Денджызы былгӕрон ӕрзоныг кодтам ӕмӕ скуывтам.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Апостолты хъуыддӕгтӕ 21:5
15 Iomraidhean Croise  

Соломон Дунедарӕгмӕ куы скуывта, йӕ куывд ӕмӕ йӕ курдиӕттӕ дзырд куы фӕци, йӕ къухтӕ арвмӕ тыгъдӕй Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз йӕ зонгуытыл фӕлӕууыди, афтӕмӕй, уӕд сыстад


Иудейӕгтӕ иууылдӕр лӕууыдысты Дунедарӕджы раз, ӕд сабитӕ, ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд фырттӕ.


Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.


Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.


Хӕргӕ чи кодта, уыцы адӕмы нымӕц та, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты нӕ нымайгӕйӕ, уыди фондз мины бӕрц.


Йесомӕ ӕрцыди хъотырджын, йӕ зонгуытыл ӕрхауди Йӕ разы ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Ӕрмӕст Дӕ бафӕндӕд, ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ».


Йӕхӕдӕг, дур кӕйонг фехсӕн ис, уый бӕрц дӕрддзӕфӕн иуварс ацыди уыдонӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ скуывта:


Аргъуан сӕ фӕндагмӕ срӕвдз кодта, ӕмӕ ацыдысты Финики ӕмӕ Самарийыл. Сӕ фӕндагыл дзырдтой, муртаттӕгтӕ кӕй здӕхынц Хуыцаумӕ, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр хастой стыр цин.


Ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ Силӕйы ӕхсӕвы ӕвӕстиатӕй арвыстой Веримӕ. Уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Павел ӕрзоныг кодта ӕмӕ бакуывта се ’ппӕтимӕ дӕр.


Афтӕ кӕй загъта, нал мӕ фендзыстут, зӕгъгӕ, уӕлдай зын та сын уый уыди. Уый фӕстӕ йӕ афӕндараст кодтой наумӕ.


Петр се ’ппӕты дӕр рарвыста уатӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад». Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадти.


Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».


Моисей цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй ӕппӕт Израилы дзыллӕтӕн — суанг сылгоймӕгтӕн, сывӕллӕттӕн, се ’хсӕн чи цардис, уыцы ӕрцӕуӕггӕгтӕн — Йесо цы нӕ бакаст, ахӕм нал баззади.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan